Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 39:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Паддзах Цедекиайы хицаудзинадыл иуӕндӕсӕм аз куы цыди, уӕд цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон халдейӕгтӕ сахары сис басастой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 39:2
13 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг йемӕ ныхас кодта Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, заманы дӕр, стӕй фӕстӕдӕр, суанг иудейаг паддзах Цедекиайы, Иосиайы фырты, хицаудзинады иуӕндӕсӕм азмӕ, цалынмӕ уыцы азы фӕндзӕм мӕйы Йерусалимы цӕрджыты уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ.


Паддзах Цедекиа Иудейы дӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уыцы заман Навуходоносоры паддзахдзинадыл цыди ӕстдӕсӕм аз.


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».


халдейӕгтӕ та фӕстӕмӕ раздӕхдзысты ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ схӕцдзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты“».


Йӕ систӕм ын схизут ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнут, фӕлӕ кӕронмӕ нӕ. Йӕ дыргъдӕттӕ йын ныззыгуым кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон Дунедарӕджы адӕм нал сты.


Нӕ ахасты дыууадӕсӕм азы дӕсӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон мӕм Йерусалимы лигъдӕттӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Сахар дӕрӕнгонд ӕрцыд».


Уый фӕстӕ райс алгъац ӕмӕ йӕ ӕфсӕн сисау дӕхицӕй дӕ сахары астӕу ӕрӕвӕр, стӕй де ’ргом хӕстӕввонгӕй сахарырдӕм сараз ӕмӕ йыл ӕрхъула кӕн. Уый Израилы адӕмӕн уыдзӕни нысан.


Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе ’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Кӕфты кулдуарӕй райхъуысдзӕн хъарӕг, Мишнейӕ — дзыназын, къуылдымтӕй — ӕбуалгъ гыбар-гыбур.


— Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм мӕйты, стӕй ӕвдӕм ӕмӕ дӕсӕм мӕйты цы комдарӕн бонтӕ ис, уыдон Иудӕйы хӕдзарӕн хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ фестдзысты, ӕрмӕст рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинад уарзут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan