Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 39:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, карды цӕфӕй нӕ амӕлдзынӕ ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Мӕныл“», — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 39:18
19 Iomraidhean Croise  

Тӕккӕ тохы сахат Хуыцаумӕ кӕй скуывтой, сӕ зӕрдӕ Йыл кӕй дардтой, уымӕ гӕсгӕ сын Уый сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сын баххуыс кодта, ӕмӕ агарӕгтӕ, семӕ чидӕриддӕр уыд, уыдонимӕ сӕ амӕттаг баисты.


Ӕххормаг заман дӕ мӕлын нӕ бауадздзӕн, хӕсты быдыры дӕ карды комӕй бахиздзӕн.


Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа, ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат! Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст! Тӕхудиаг сты, йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон!


Дунедарӕгмӕ чи сдзыназы, уыдоны Уый фехъусы ӕмӕ сӕ алы фыдбылызӕй дӕр бахизы.


Дунедарӕг! Ды адӕттӕ иууылдӕр уыныс ӕмӕ Дӕхи ма ныхъхъус кӕн! Ма мӕ ныууадз!


Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.


Иузӕрдиондзинад тау суадздзӕни зӕххӕй, ӕмӕ рӕстад ӕркӕсдзӕни уӕларвӕй.


Ӕдылы сӕ нӕ зоны, ӕнӕфенд сӕ не ’мбары.


Удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ чи у, уыдоны Ды схайджын кӕныс фарнӕй, уымӕн ӕмӕ Дӕуӕй сты ныфсджын.


Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Уӕ алыварс цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдонӕн сӕ размӕ чи рацӕуа ӕмӕ йӕхи сӕ къухтӕм чи ратта, уыдон иууылдӕр удӕгасӕй баззайдзысты, хӕрзиуӕгӕн цард айсдзысты.


«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзысты. Халдейӕгты къухтӕм йӕхи чи радта, уыдон та удӕгасӕй баззайдзысты ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзысты.


Иудейаг Ӕгъдау кӕмӕн нӕ уыд, афтӕмӕй тӕригъӕды чи бацыди, уыдон амӕлдзысты, фӕлӕ сын Ӕгъдау тӕрхонгӕнӕг нӕ уыдзӕн. Ӕгъдау кӕмӕн уыди, афтӕмӕй тӕригъӕды чи бацыд, уыдонӕн та тӕрхонгонд уыдзӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ.


цӕмӕй мах ӕппӕлӕм Йӕ кадӕй, уымӕн ӕмӕ Чырысти зӕрдӕдарӕн фыццаг махӕн сси.


Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan