Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 39:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Фӕлӕ дӕу Ӕз уыцы бон фервӕзын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Кӕмӕй тӕрсыс, уыцы адӕмы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзынӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 39:17
16 Iomraidhean Croise  

Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».


Давид Гадӕн загъта: «Тынг уӕззау уавӕры дӕн, фӕлӕ, адӕмы къухмӕ бахауыны фӕлтау уадз ӕмӕ Дунедарӕджы къухмӕ бахауӕм, — Уый бирӕбараг у».


Илийа йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Сомы дын кӕнын Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, абон мӕхи равдисдзынӕн Ахавмӕ».


Овадиа ацыд Ахавмӕ ӕмӕ йын Илийайы тыххӕй куы фехъусын кодта, уӕд уый ӕвӕстиатӕй йӕ размӕ араст.


Уый йын загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты».


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


Уыдон тох кӕндзысты дӕ ныхмӕ, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ арм дыл дардзынӕн».


Маттаны фырт Шефати, Пашхуры фырт Гедалиа, Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ Малкиайы фырт Пашхур фехъуыстой, Йеремиа адӕмӕн афтӕ кӕй дзырдта, уый:


«Мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах! Ацы адӕм пехуымпар Йеремиайӕн цы бакодтой, уый стыр фыдракӕнд у! Цъайы йӕ ныппӕрстой, ӕмӕ уым сыдӕй амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ сахары дзул нал ис».


Уӕд паддзах Даниилы ӕрбакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Даниилӕн та загъта: «Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ Йӕхӕдӕг фервӕзын кӕнӕд!»


Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan