13 Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, лӕггадгӕнджыты хистӕр Неву-шаз-бан ӕмӕ ӕфсады хицау Нергал-Шарецер, стӕй вавилойнаг паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ
Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззад, цалынмӕ знӕгтӕ Йерусалим нӕ бацахстой, уӕдмӕ.
«Ракӕн ӕй ӕмӕ йӕм дӕ хъус фӕдар. Мацы знаггад ын ракӕн, ӕрмӕстдӕр дын йӕхӕдӕг цы зӕгъа, уый-иу ын бакӕн».
Йеремиамӕ арвыстой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнджыты кӕртӕй рацӕуын кодтой. Ахикамы фырт, Шафаны фырты фырт Гедалиайӕн, йӕ хӕдзармӕ йӕ акӕн, зӕгъгӕ, бафӕдзӕхстой. Афтӕмӕй Йеремиа йӕ адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ баззади.
Вавилойнаг паддзахы уӕздӕттӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ Астӕуккаг кулдуары цур ӕрбадтысты. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нергал-Шарецер, Самгар-Нево, Сар-Сехим — паддзахы лӕггадгӕнджыты хистӕр, ӕфсӕддон хицау Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.
Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта.