Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 39:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 «Ракӕн ӕй ӕмӕ йӕм дӕ хъус фӕдар. Мацы знаггад ын ракӕн, ӕрмӕстдӕр дын йӕхӕдӕг цы зӕгъа, уый-иу ын бакӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 39:12
12 Iomraidhean Croise  

Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.


хъӕздыгдзинад, куыддӕр ӕм бакӕсай, афтӕ ӕрбайсӕфы, цӕргӕсау айтындзы йӕ базыртӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕм атӕхы.


Дунедарӕг загъта: «Дӕ фарны сӕраппонд дын Ӕз ратдзынӕн сӕрибар. Бӕллӕх ӕмӕ фыдбылызы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын де знӕгтӕ лӕгъстӕ кӕндзысты.


— Ӕз дӕ фыдгӕнджытӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕнауӕрдонты къухтӕй дӕ ратондзынӕн».


Сӕ фарны сӕраппонд сӕм ӕркӕсдзынӕн ӕмӕ сӕ ацы зӕхмӕ раздахдзынӕн. Мӕ фӕрцы сфидар уыдзысты, ӕмӕ сӕ нал ныддӕрӕн кӕндзынӕн, куы сӕ байтауон, уӕд сӕ нал срӕдувдзынӕн.


Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, лӕггадгӕнджыты хистӕр Неву-шаз-бан ӕмӕ ӕфсады хицау Нергал-Шарецер, стӕй вавилойнаг паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ


Фӕлӕ дӕ абон ӕз, дӕ къухтыл цы рӕхыстӕ ис, уыдонӕй суӕгъд кӕндзынӕн. Кӕд дӕ мемӕ Вавилонмӕ ацӕуын фӕнды, уӕд цом, мӕ бӕрны уыдзынӕ. Кӕд нӕ, уӕд та лӕуу; ӕппӕт бӕстӕ — дӕ разы, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу».


Се знӕгты разӕй уацары куы ацӕуой, уӕд сӕ уым дӕр карды цӕфӕй амардзынӕн. Мӕ цӕстӕнгас сӕм сӕ хорзӕн нӕ, фӕлӕ сӕ фыдбылызӕн сараздзынӕн».


ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan