11 Вавилоны паддзах Навуходоносор хъахъхъӕнджыты хицау Невузарданӕн Йеремиайы тыххӕй бафӕдзӕхста:
Мӕгуыр лӕджы Уый бахизы сӕ кардӕй, сӕ дзыхӕй, сӕ хъомысджын къухӕй.
Уымӕн нӕу мӕгуыр лӕг ӕнӕныфс, уымӕн ӕрцӕуы ӕхгӕд мӕнгард ком.
Ӕхсӕз бӕллӕхӕй дӕ бахиздзӕн, ӕвдӕм дӕм хӕстӕг не ’рбацӕудзӕн.
Макӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дыл Мӕ арм дардзынӕн».
Дунедарӕг загъта: «Дӕ фарны сӕраппонд дын Ӕз ратдзынӕн сӕрибар. Бӕллӕх ӕмӕ фыдбылызы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын де знӕгтӕ лӕгъстӕ кӕндзысты.
Ацы адӕмӕн дӕ Ӕз фидар ӕрхуы сисӕй сӕвӕрдзынӕн. Уыдон дӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн ӕмӕ дыл Мӕ арм дардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
— Ӕз дӕ фыдгӕнджытӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕнауӕрдонты къухтӕй дӕ ратондзынӕн».
Цедекиа, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы дзыхӕй цы ныхӕстӕ дзырдта, уыдонмӕ нӕ хъуыстой.
Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Йеремиайы Рамайы куы суӕгъд кодта, уый фӕстӕ дӕр-иу Дунедарӕг дарддӕр ныхас кодта йемӕ. Невузардан Йеремиайы ссардта рӕхыстӕй бастӕй, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уацайрӕгты, Вавилонмӕ уацары кӕй фӕцӕйкодтой, уыдоны ’хсӕн.
Фӕлӕ дӕ абон ӕз, дӕ къухтыл цы рӕхыстӕ ис, уыдонӕй суӕгъд кӕндзынӕн. Кӕд дӕ мемӕ Вавилонмӕ ацӕуын фӕнды, уӕд цом, мӕ бӕрны уыдзынӕ. Кӕд нӕ, уӕд та лӕуу; ӕппӕт бӕстӕ — дӕ разы, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу».
Вавилоны паддзах Навуходоносор нудӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фӕндзӕм мӕйы дӕсӕм бон хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, вавилойнаг паддзахы фӕсдзӕуинтӕй иу, ӕрбацыди Йерусалиммӕ.
Феликс сӕдӕйыхицауӕн радта Павелы хъахъхъӕныны бардзырд, фӕлӕ, дам, ын хъуамӕ иу чысыл фезмӕлӕн дӕр уа, йӕ хӕлӕрттӕ йын куы лӕггад кӕной, уӕд сӕ куыд мачи хъыгдара, афтӕ.