Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 38:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 «Мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах! Ацы адӕм пехуымпар Йеремиайӕн цы бакодтой, уый стыр фыдракӕнд у! Цъайы йӕ ныппӕрстой, ӕмӕ уым сыдӕй амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ сахары дзул нал ис».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 38:9
12 Iomraidhean Croise  

уӕд ӕз тӕрсин дзыллӕйӕ, мӕ мыггаг мыл ӕлгъ куы кӕной, уымӕй, ӕмӕ мӕ дзых ныххуыин, хӕдзарӕй ӕддӕмӕ дӕр нал ракӕсин.


Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты фыдтӕ бахӕрын кӕндзынӕн. Сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдон сыл куы ’рхъула кӕной ӕмӕ уынгӕджы ранмӕ куы бахауой, уӕд дзы алчидӕр йӕ сыхаджы буар хӕрынмӕ ӕрцӕудзӕн.


Паддзах Цедекиайы бардзырдмӕ гӕсгӕ Йеремиайы хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ акодтой ӕмӕ йын алы бон дӕр кӕрдзынгӕнджыты сыхӕй иу кӕрдзын хастой, цалынмӕ сахары дзул нӕ фӕци, уӕдмӕ. Афтӕмӕй Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззади.


Паддзах эфиопаг Еведмелехӕн бардзырд радта: «Демӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы акӕн, ӕмӕ пехуымпар Йеремиайы цъайӕ сисут, цалынмӕ нӕ амарди, уӕдмӕ.


Еведмелех галуанӕй рацыд ӕмӕ паддзахӕн загъта:


Фӕлӕ дӕу Ӕз уыцы бон фервӕзын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Кӕмӕй тӕрсыс, уыцы адӕмы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзынӕ.


Цыппӕрӕм мӕйы фарӕстӕм бон сахары цӕрджытӕ сыдӕй мардысты, адӕммӕ, цы бахӕрой, уый нал уыди.


Хъӕрзынц йӕ адӕм, агурынц къӕбӕр. Сӕ хӕзнатӕ хӕринагыл куы ивынц, цӕмӕй мӕлӕтӕй фервӕзой! О Дунедарӕг! Ӕркӕс-ма мын мӕ худинагмӕ!


Удӕгасӕй мӕ дзыхъмӕ ныппӕрстой, йӕ сӕр ын дурӕй сӕхгӕдтой!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan