Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 38:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Паддзахы галуаны барджынтӕй иу уыди эфиопаг, йӕ ном — Еведмелех. Уый, Йеремиайы цъайы кӕй ныппӕрстой, уыцы хабар фехъуыста. Уыцы рӕстӕг паддзах бадти Бениамины кулдуары раз.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 38:7
22 Iomraidhean Croise  

Вавилонмӕ Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты Йехониа дӕр, йӕ мад, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр, стӕй бӕстӕйы уӕздӕттӕ дӕр.


Зарӕджы ӕппӕлдзынӕн Хуыцауы номӕй, Йе стырад Ын кады зарӕгӕй стаудзынӕн.


Тугмондаг чи у, уыдонӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг ӕнӕуынон у, рӕстгӕнджыты фесафынмӕ тырнынц.


Дунедарӕджы адӕмы ’хсӕн чи ӕрцард ӕмӕ семӕ чи баиу, уыцы ӕцӕгӕлӕттӕй мачи зӕгъӕд, Дунедарӕг мӕ Йӕ адӕмы ’хсӕнӕй асуринаг у, зӕгъгӕ! Сахъат евнухтӕй дӕр мачи дзурӕд, уый мӕнӕ хуыскъ бӕласы къуыдыр йеддӕмӕ, куы ницы дӕн, зӕгъгӕ!


Ау, эфиопаг йӕ царм аивдзӕн, науӕд фыранк? Уӕдӕ сымахӕн дӕр уӕ бон хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын нӕу, уымӕн ӕмӕ фыдракӕндтӕ кӕныныл сахуыр стут.


Пашхур Йеремиайы фӕнадта ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты, Бениамины кулдуары цур, хъадаманты сбадын кодта.


Уӕд уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм загътой сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн: «Ацы лӕг маринаг нӕу, уымӕн ӕмӕ немӕ дзырдта Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, номӕй».


Уый уыди, паддзах Йехониа, йӕ мад, евнухтӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, куырдтӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты Йерусалимӕй куы акодтой, уый фӕстӕ.


Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, барджынтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕппӕт адӕмы — уыцы родӕн йӕ дыууӕ ’рдӕджы астӕу чи ацыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр,


Бениамины кулдуары уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм хъахъхъӕнджыты хицау, Хананиайы фырты фырт, Шелемийы фырт Ирийа фӕлӕбурдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕу фӕнды халдейӕгтӕм балидзын!»


Еведмелех галуанӕй рацыд ӕмӕ паддзахӕн загъта:


Тӕрхондоны искӕй чи багӕды кӕны, уый уын свӕййы ӕнӕуынон, рӕстӕвдисӕнмӕ ӕнӕввӕрсонӕй кӕсут.


Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр дӕлвӕз фестдзӕни, Гевӕйӕ суанг Риммоны, Йерусалимы хуссарварс чи ис, уый онг, Йерусалим та уыдонӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн. Йӕ бынаты лӕудзӕн ӕмӕ Бениамины кулдуарӕй Рагон кулдуар ӕмӕ Фисыны кулдуары онг, Хананелы мӕсыгӕй паддзахы сӕндуцӕнты онг адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.


Уӕдӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та — фӕстӕгтӕ. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ — чысыл]».


уӕд уыцы мад ӕмӕ фыд бавдӕлӕнт, сӕ сахары хистӕрты размӕ йӕ бакӕнӕнт


Цы сахармӕ лидза, уымӕн-иу раздӕр йӕ кулдуары цур ӕрлӕууӕд ӕмӕ сахары хистӕртӕн йӕ хъуыддаг радзурӕд. Уый фӕстӕ-иу ӕй уыдон сахармӕ бауадзӕнт ӕмӕ йын уым цӕрӕнбынат раттӕнт.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan