Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 38:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Йеремиайы ӕрцахстой. Паддзахы фырт Малкиайӕн хъахъхъӕнджыты кӕрты цы цъай уыди, уым ӕй ныппӕрстой. Йеремиайы цъайы ауагътой бӕндӕнтыл. Уыцы рӕстӕг цъайы дон нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр цъыф, ӕмӕ Йеремиа цъыфы аныгъуылди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 38:6
19 Iomraidhean Croise  

йӕхи та йын донуаты нысхуыстой. Донуат афтид уыди — бахуыскъ ис.


Дунедарӕг — Дӕ рахизфарс. Йӕ азары бон паддзӕхты ӕрцӕвдзӕн.


Тӕхудиаг у мӕгуырыл аудӕг — бӕллӕхы бон ӕй Дунедарӕг фервӕзын кӕндзӕн.


О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн! О Дунедарӕг, фӕтагъд мӕм кӕн ӕххуысмӕ!


Вавилойнаг паддзахы ’фсад ӕрхъула кодта Йерусалимыл, пехуымпар Йеремиа та иудейаг паддзахы галуаны, хъахъхъӕнджыты кӕрты, ахӕстоны бадти.


Паддзах йӕ фырт Йерахмеел ӕмӕ Азриелы фырт Серайӕн, стӕй Авдиелы фырт Шелемийӕн бардзырд радта, цӕмӕй пехуымпар Йеремиа ӕмӕ нымӕрдар Барухы ӕрцахсой, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг бамбӕхста.


Йеремиайы ныккӕнды ныппӕрстой, ӕмӕ уым дзӕвгар рӕстӕг фӕбадти.


Паддзах Цедекиайы бардзырдмӕ гӕсгӕ Йеремиайы хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ акодтой ӕмӕ йын алы бон дӕр кӕрдзынгӕнджыты сыхӕй иу кӕрдзын хастой, цалынмӕ сахары дзул нӕ фӕци, уӕдмӕ. Афтӕмӕй Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззади.


Бӕндӕнтыл уӕлӕмӕ схӕцыдысты, ӕмӕ Йеремиайы цъайӕ систой. Уый фӕстӕ Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззад.


иудейаг паддзахы галуаны ма цы сылгоймӕгтӕ баззад, уыдоны вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕм акӕндзысты, ӕмӕ уыцы сылгоймӕгтӕ дзурдзысты: „Де ’рдхӕрдтӕ дыл сайдӕй рацыдысты ӕмӕ дыл фӕуӕлахиз сты. Ныр цъымарайы куы ныссагъдтӕ, уӕд та лидзӕг фесты“.


Уӕд паддзах Даниилы ӕрбакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Даниилӕн та загъта: «Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ Йӕхӕдӕг фервӕзын кӕнӕд!»


Дӕуӕн та дӕ уацайрӕгты ӕнӕдон уӕрмӕй фервӕзын кӕндзынӕн, нӕ фидыд кӕй фӕрцы сфидар ис, уыцы туджы сӕраппонд.


Уый ахӕм бардзырд куы райста, уӕд сӕ баппӕрста ахӕстоны рӕбинаг хаймӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтыл бакодта хъадамантӕ.


Бафӕразын уӕ хъӕуы, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кӕнат Хуыцауы фӕндон ӕмӕ райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan