Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 38:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Паддзах Цедекиа сын дзуапп радта: «Уӕ бар ыл цӕуы. Сымах цы нӕ фӕнды, ахӕмӕй паддзахӕн йӕ бон саразын ницы у».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 38:5
10 Iomraidhean Croise  

Давид ын дзуапп радта: «Цы мӕ агурут, Церуайы фырттӕ? Мӕ фӕндагыл цӕхгӕрмӕ цӕмӕн ныллӕууыдыстут? Ахӕм бон марыны тӕрхон скӕнӕн куыд ис Израилы? Израилы паддзах кӕй дӕн, уый та ныртӕккӕ мӕхи цӕстӕй куы уынын!»


Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!»


Адӕмы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн уый — йӕ ахсӕн хыз, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый — ӕдас.


Ӕз та уӕ къухты дӕн, ӕмӕ уӕм хуыздӕр ӕмӕ растдӕр цы кӕсы, уый мын бакӕнут.


Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».


Уӕд паддзах Даниилы ӕрбакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Даниилӕн та загъта: «Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ Йӕхӕдӕг фервӕзын кӕнӕд!»


Ӕмӕ дур ӕрбахастой ӕмӕ йӕ хъоргъмӕ ныххизӕныл ныффӕлдӕхтой. Паддзах ыл йӕхи ӕмӕ йе ’лдӕртты къухдарӕнтӕй мыхуыртӕ сӕвӕрдта, — Даниилӕн цы тӕрхон рахастой, уымӕн аивӕн кӕй нӕй, уый нысанӕн.


Саул загъта Самуелӕн: «Аххосджын дӕн ӕз — нӕ сӕххӕст кодтон Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ дӕ дзырд. Адӕмӕй фӕтарстӕн ӕмӕ сӕм байхъуыстон.


Ахиш ын дзуапп радта: «Бӕгуыдӕр, ӕхцон мын дӕ Хуыцауы зӕдау, фӕлӕ филистимаг ӕлдӕрттӕ загътой: „Немӕ хӕстмӕ ма цӕуӕд“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan