Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 38:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дунедарӕг зӕгъы: ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, бацахсдзӕн ӕй“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 38:3
7 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахармӕ Ме ’ргом раздӕхтон йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ уый саусыгъд бакӕндзӕн“».


Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Уӕ алыварс цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдонӕн сӕ размӕ чи рацӕуа ӕмӕ йӕхи сӕ къухтӕм чи ратта, уыдон иууылдӕр удӕгасӕй баззайдзысты, хӕрзиуӕгӕн цард айсдзысты.


Фӕлӕ, Давиды бадӕны чи бады, уыцы паддзахы, стӕй ацы сахары цӕрӕг адӕмы, уемӕ уацары кӕй нӕ акодтой, уӕ уыцы ’фсымӕрты тыххӕй Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, афтӕ зӕгъы: уыдоны Ӕз кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бакӕндзынӕн, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ цы легъуитӕ нӕ бӕззынц, уыдоны хуызӕн сӕ скӕндзынӕн.


халдейӕгтӕ та фӕстӕмӕ раздӕхдзысты ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ схӕцдзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты“».


Фӕлӕ вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕн сӕ размӕ куынӕ рацӕуай, уӕд ацы сахар халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ басудздзысты, дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan