Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 38:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Фӕлӕ вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕн сӕ размӕ куынӕ рацӕуай, уӕд ацы сахар халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ басудздзысты, дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 38:18
20 Iomraidhean Croise  

Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахармӕ Ме ’ргом раздӕхтон йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ уый саусыгъд бакӕндзӕн“».


Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн ныр лӕггад чи нӕ кӕна ӕмӕ йын йе ’фсондз йӕ уӕлӕ чи не ’ркӕна, уыцы адӕмы кӕнӕ паддзахады Ӕз бафхӕрдзынӕн кард, стонг ӕмӕ рынӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уый къухӕй сӕ фесафдзынӕн бынтондӕр.


халдейӕгтӕ та фӕстӕмӕ раздӕхдзысты ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ схӕцдзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты“».


Дӕ устытӕ ӕмӕ дын дӕ фыртты халдейӕгтӕм акӕндзысты, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ. Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн, ацы сахар та сыгъд ӕрцӕудзӕни».


Дунедарӕг зӕгъы: ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, бацахсдзӕн ӕй“».


Вавилойнаг паддзахы уӕздӕттӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ Астӕуккаг кулдуары цур ӕрбадтысты. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нергал-Шарецер, Самгар-Нево, Сар-Сехим — паддзахы лӕггадгӕнджыты хистӕр, ӕфсӕддон хицау Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.


Халдейӕгтӕ басыгътой паддзахы галуан ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ, Йерусалимы систӕ та ныппырх кодтой.


Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн.


Фӕлӕ уыцы паддзах йӕ ныхмӕ сыстад. Мысырмӕ арвыста минӕвӕрттӕ, цӕмӕй йын раттой бӕхтӕ ӕмӕ бирӕ адӕм. Ӕцӕг ын ницы бантысдзӕн. Нӕ аирвӕздзӕн, уыдӕттӕ чи аразы, уый. Йӕ фидыд чи фехӕлдта, уый куыд хъуамӕ аирвӕза?“»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan