Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 38:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ арвыста, ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн йе ’ртыккаг бацӕуӕны размӕ ӕрбакодтой. Паддзах Йеремиайӕн загъта: «Иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсинаг дӕн. Мацы мӕ басусӕг кӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 38:14
11 Iomraidhean Croise  

Паддзах ын дзуапп радта: «Цӕмӕй дӕ бафӕрсон, уый мӕ ма басусӕг кӕн». Сылгоймаг загъта: «Дзур, мӕ бардарӕг, мӕ паддзах».


федта йын йӕ дзаг фынгтӕ, йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц, лӕггадгӕнджытӕ аив дарӕсты куыд лӕггад кӕнынц, дзагдарты дӕр сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссыны уаг ӕрӕвӕрдта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта Савайы ус-паддзах.


Паддзах ын загъта: «Ныр дӕм цалӕм хатт хатын, рӕстдзинад йеддӕмӕ мын мацы дзур, зӕгъгӕ! Цы дын загъта Дунедарӕг?»


Ноджы ма фехалын кодта, Кувӕндоны кӕрты сабаты ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕн цы агъуыст сарӕзтой, уый, стӕй, паддзахӕн кӕрты ӕдде Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ цы бацӕуӕн уыд, уый дӕр (ӕппӕт уыдӕттӕ арӕзт ӕрцыдысты ассириаг паддзахы сӕраппонд).


Паддзах ын загъта: «Цал хатты дӕм хъуамӕ хатон: Дунедарӕджы номы сӕраппонд мын рӕстдзинад йеддӕмӕ мацы дзур!»


Дунедарӕг загъта: «Дӕ фарны сӕраппонд дын Ӕз ратдзынӕн сӕрибар. Бӕллӕх ӕмӕ фыдбылызы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын де знӕгтӕ лӕгъстӕ кӕндзысты.


Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».


Уӕхӕдӕг уӕхи ныхмӕ тӕригъӕд ракодтат: арвыстат мӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ мын загътат, цӕмӕй Йӕм сымах тыххӕй скувон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕнон, мах алцыдӕр бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕз уын сӕ абон фехъусын кодтон, фӕлӕ сымах нӕ хъусут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕм, цы зӕгъын уын бафӕдзӕхста, уыдӕттӕм. Уӕдӕ зонут: цӕмӕй дзы ӕрцӕрат, уый тыххӕй уӕ зӕрды цы бӕстӕм ацӕуын ис, уым кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan