13 Бӕндӕнтыл уӕлӕмӕ схӕцыдысты, ӕмӕ Йеремиайы цъайӕ систой. Уый фӕстӕ Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззад.
ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.
Зӕгъут сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ бакӕнут ӕмӕ йын мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхон, уӕдмӕ“».
Йӕ фарсмӕ, ахӕстоны кӕрты цур, тигъы ӕмӕ паддзахы уӕллаг хӕдзары мӕсыджы акомкоммӕ — Узайы фырт Палал. Йӕ фарсмӕ — Парошы фырт Педаиа.
Тугмондаг чи у, уыдонӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг ӕнӕуынон у, рӕстгӕнджыты фесафынмӕ тырнынц.
Уӕд уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм загътой сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн: «Ацы лӕг маринаг нӕу, уымӕн ӕмӕ немӕ дзырдта Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, номӕй».
Вавилойнаг паддзахы ’фсад ӕрхъула кодта Йерусалимыл, пехуымпар Йеремиа та иудейаг паддзахы галуаны, хъахъхъӕнджыты кӕрты, ахӕстоны бадти.
Паддзах Цедекиайы бардзырдмӕ гӕсгӕ Йеремиайы хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ акодтой ӕмӕ йын алы бон дӕр кӕрдзынгӕнджыты сыхӕй иу кӕрдзын хастой, цалынмӕ сахары дзул нӕ фӕци, уӕдмӕ. Афтӕмӕй Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззади.
Эфиопаг Еведмелех загъта Йеремиайӕн: «Ацы бызгъуыртӕ ӕмӕ хӕцъилтӕ бӕндӕнты бын дӕ дӕлӕрмтты бавӕр». Йеремиа афтӕ бакодта.
Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззад, цалынмӕ знӕгтӕ Йерусалим нӕ бацахстой, уӕдмӕ.
Йеремиайы ӕрцахстой. Паддзахы фырт Малкиайӕн хъахъхъӕнджыты кӕрты цы цъай уыди, уым ӕй ныппӕрстой. Йеремиайы цъайы ауагътой бӕндӕнтыл. Уыцы рӕстӕг цъайы дон нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр цъыф, ӕмӕ Йеремиа цъыфы аныгъуылди.
О Дунедарӕг, раст тӕрхон мын рахӕсс! О, фервӕзын мӕ кӕн!
«Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ Ироды галуаны ахстӕй дарой.
Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Фӕлӕ Феликс, иудейӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, Павелы ахӕстоны ныууагъта.
Роммӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд Павелӕн радтой йӕ хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонимӕ хицӕнӕй ӕрцӕрыны бар.
Павел дыууӕ азы фӕцард, йӕхӕдӕг цы цӕрӕнуат баххуырста, уым. Чидӕриддӕр ӕм цыдис, уыдоныл-иу сӕмбӕлди зӕрдиагӕй.