9 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхи ма сайут ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл ма ут, цыма халдейӕгтӕ ардыгӕй ацӕудзысты. Нӕ уыдзӕн уый!
Тутт ныфсытӕ ма ’вӕрӕд йӕхицӕн: уыдон ын ницы пайда ӕрхӕсдзысты.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уе ’хсӕн цы пехуымпартӕ ӕмӕ цы дӕсныфӕрсджытӕ ис, уыдон уӕ ма асайӕнт, фынтӕ ’взарджытӕм ма хъусут.
Дӕ къӕйных зӕрдӕ дӕ фӕсайдта, къӕдзӕхты ’хсӕн цӕрыс ӕмӕ дзурыс: «Чи мӕ раппардзӕни зӕхмӕ?»
Ницы уӕвгӕйӕ йӕхицӕн цыдӕр ӕнхъӕл чи у, уый йӕхи сайы.
Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн.
Дзӕгъӕл ныхӕстӕй уӕ мачи асайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл Йӕ азар ныккалдзӕн.
Мачи уӕ макуыд асайӕд — мацы хуызы. Уымӕн ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ уа Хуыцауы ныхмӕ стыр ныхмӕлӕуд, ӕмӕ фӕзына фыддзинады буарыдзыд фӕлгонц — мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастӕуыд, уыцы адӕймаг.
Ӕххӕст ӕй кӕнут ӕмӕ ма ут, ӕрмӕст ӕм байхъусынӕй дарддӕр чи ницы аразы ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи сайы, ахӕмтӕ.