Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 37:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6-7 Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: Мӕнмӕ уӕ бафӕрсынмӕ чи ӕрбарвыста, уыцы иудейаг паддзахӕн зӕгъут: „Фараоны ӕфсад уӕм ӕххуысмӕ рацыди, фӕлӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн йӕ зӕхмӕ, Мысырмӕ,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 37:6
4 Iomraidhean Croise  

Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс.


Иудейы паддзах Цедекиа Йеремиайы ахӕстоны сбадын кодта ӕмӕ йын загъта: «Ахӕм рагуацтӕ цӕмӕн хъусын кӕныс? Ды дзурыс: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ бацахсдзӕн.


Фараоны ӕфсад рацыди Мысырӕй, ӕмӕ, Йерусалимыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сахарӕй аздӕхтысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan