Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 37:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, арвыста, мах тыххӕй ма Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, скув, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 37:3
20 Iomraidhean Croise  

Уӕд паддзах Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн загъта: «Дунедарӕг Хуыцауы зӕрдӕ мӕм фӕфӕлмӕн кӕн, бакув Ӕм мӕн тыххӕй, цӕмӕй мын мӕ къух фӕстӕмӕ сдзӕбӕх кӕна ӕмӕ та мын тасын райдайа». Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ та паддзахӕн йӕ къух раздӕрау йӕ коммӕ кӕсын райдыдта.


Ныббарут-ма мын ацы хатт ӕмӕ балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, цӕмӕй нӕ ацы бӕллӕхӕй фервӕзын кӕна».


Фараон загъта: «Ӕз уӕ уадзын Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕдзӕрӕг быдыры нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ, ӕцӕг дард ма ацӕут. Скувут-иу Ӕм мӕн тыххӕй дӕр!»


Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».


Балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, ӕмӕ кӕрон уа Йӕ ӕрвнӕрд ӕмӕ Йӕ ихӕн. Ӕз уӕ уадзын, нал уӕ бауромдзынӕн».


Дунедарӕг загъта: «Дӕ фарны сӕраппонд дын Ӕз ратдзынӕн сӕрибар. Бӕллӕх ӕмӕ фыдбылызы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын де знӕгтӕ лӕгъстӕ кӕндзысты.


«Мӕ фыд», зӕгъгӕ, бӕласмӕ дзурынц, «ныййарӕг мад» схонынц дур. Се ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕм сӕ чъылдым раздахынц! Бӕллӕхы заман та зӕгъдзысты: «Фӕзын-ма, фервӕзын нӕ кӕн!»


Колайы фырт Ахав ӕмӕ Маасеайы фырт Цедекиайы, Мӕ номӕй уын мӕнг ныхӕстӕ чи дзуры, уыдоны тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ сӕ ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уый уӕ цӕстыты раз амардзӕн.


Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».


Маттаны фырт Шефати, Пашхуры фырт Гедалиа, Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ Малкиайы фырт Пашхур фехъуыстой, Йеремиа адӕмӕн афтӕ кӕй дзырдта, уый:


Ӕфсады хицӕуттӕ иууылдӕр, Кареахы фырт Йоханан, Хошаийы фырт Азариа ӕмӕ иннӕ адӕм се ’ппӕт дӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрбацыдысты


Уӕхӕдӕг уӕхи ныхмӕ тӕригъӕд ракодтат: арвыстат мӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ мын загътат, цӕмӕй Йӕм сымах тыххӕй скувон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕнон, мах алцыдӕр бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕз уын сӕ абон фехъусын кодтон, фӕлӕ сымах нӕ хъусут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕм, цы зӕгъын уын бафӕдзӕхста, уыдӕттӕм. Уӕдӕ зонут: цӕмӕй дзы ӕрцӕрат, уый тыххӕй уӕ зӕрды цы бӕстӕм ацӕуын ис, уым кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзыстут.


Хъахъхъӕнджыты хицау уацары акодта алчер Серайы, Кувӕндоны дыккаг сауджын Софониайы ӕмӕ, Кувӕндонмӕ бацӕуӕн цы ӕртӕ лӕджы хъахъхъӕдтой, уыдоны.


Бацыдысты адӕм Моисеймӕ ӕмӕ загътой: «Тӕригъӕд ракодтам мах, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ дзырдтам. Скув Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй нӕ кӕлмытӕй фервӕзын кӕна». Скуывта Моисей адӕмы тыххӕй,


Уӕд Симон дзуапп радта: «Бакувут мӕн тыххӕй Бардарӕгмӕ, ӕмӕ, цы загътат, ахӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа».


Адӕм Самуелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Дӕ цагъарты тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув, ӕмӕ ма амӕлӕм. Уымӕн ӕмӕ ма не ’ппӕт тӕригъӕдтӕм ноджы иу фыдракӕнд бафтыдтам, нӕхицӕн паддзах куы ракуырдтам, уӕд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan