Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 37:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Цедекиа, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы дзыхӕй цы ныхӕстӕ дзырдта, уыдонмӕ нӕ хъуыстой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 37:2
15 Iomraidhean Croise  

Давид загъта: «Нахаш мын хорзы кӕй бацыд, уый тыххӕй йын йӕ фырт Хануны зӕрдӕ хъуамӕ истӕмӕй барухс кӕнон». Ӕмӕ арвыста йӕ дӕлдӕрты Ханунӕн йӕ фыды тыххӕй тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ. Давиды дӕлдӕртӕ фӕцыдысты аммонӕгты зӕхмӕ.


ӕмӕ пехуымпар Натаны барвыста, цӕмӕй йыл уый, Дунедарӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ, сӕвӕра ном Йедидйа.


Бавӕрдтой йӕ ӕмӕ йыл фӕхъыг кодтой Израилы адӕм, Дунедарӕг пехуымпар Ахийайы уылты куыд загъта, афтӕ.


Ацы рагуац ныхас Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хананийы фырт Йегу загъта Бааса ӕмӕ йӕ мыггаджы ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ Бааса, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдӕттӕ кодта, Йӕ хъуыддӕгтӕй Йӕ ӕфхӕрдта, Йоровамы тӕригъӕдтӕ кӕй фӕзмыдта, стӕй ма ноджы Йоровамы мыггаг кӕй ныццагъта, уый тыххӕй.


Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы.


«О Бардарӕг! — загъта Моисей. — Дӕ хорзӕхӕй, ӕндӕр искӕй арвит».


Фӕнды дӕ къӕхтӕ сӕ рӕбынӕй алыг кӕн кӕнӕ фыдбылызы бахау, фӕнды дӕ хъуыддаг ӕдылыйӕн бабар кӕн.


Кӕд паддзах мӕнг ныхӕстӕм хъусы, уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕ сты ӕнаккӕгтӕ.


«Дунедарӕджы, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ацу Иудейы паддзах Цедекиамӕ ӕмӕ йын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй афтӕ зӕгъ: Ӕз ацы сахар дӕттын вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ, ӕмӕ йӕ басудздзӕн.


Дӕуӕн дӕр, Израилы ӕнаккаг фӕтӕг, фыдгӕнӕг, абон ралӕууыд дӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон!


Ӕз пехуымпартӕн хъусын кодтон Мӕ ныхас, бирӕ цӕстылуайӕнтӕ сын ӕвдыстон, пехуымпарты уылты ӕмбисӕндтӕ хастон.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕххӕст кодтой, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.


Уӕдӕ, уыцы сидт чи ницӕмӕ дары, уый адӕймагыл нӕ, фӕлӕ уӕ Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцауыл йӕхи атигъ кӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan