Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 37:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 уӕд Йеремиа рацыди Йерусалимӕй, цӕмӕй Бениамины зӕхмӕ ацӕуа, адӕмы ’хсӕн фӕуа ӕмӕ афтӕмӕй сахарӕй ралидза.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 37:12
11 Iomraidhean Croise  

Илийа йӕ удӕн фӕтарсти уыцы ӕртхъирӕнӕй ӕмӕ алыгъд. Иудейаг сахар Беер-Шевӕмӕ куы ныххӕццӕ, уӕд уым йӕ лӕггадгӕнӕджы ныууагъта,


Уым лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодта. Ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕджы ныхас хъусы: «Ам цы кусыс, Илийа?»


Бениамины хӕдзарвӕндаджы зӕххыл та — Гевӕ, Алемет ӕмӕ Анатот сӕ хизӕнуӕттимӕ, ӕдӕппӕт ӕртындӕс сахары. Аароны байзӕддӕгтыл уӕрст ӕрцыдысты мыггаггай.


Ӕз загътон, мӕ хуызӕн адӕймагӕн, зӕгъын, лидзын кӕм фидауы? Удӕгасӕй баззайыны охыл мӕ хуызӕн адӕймагӕн Кувӕндоны бамбӕхсын кӕм ӕмбӕлы? Нӕ, зӕгъын, бацӕудзынӕн.


Фыдвӕндтӕ кӕнынц, бабадынц мӕ размӕ, мӕ алы къахдзӕф дӕр мын хъахъхъӕнынц, цӕмӕй мӕ уд бахауа сӕ ахӕсты.


Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты Хилкиайы фырт Йеремиайы ныхӕстӕ. Уый уыдис Анатоты сауджынтӕй, Бениамины зӕххӕй.


Фараоны ӕфсад кӕй ӕрбаввахс ис, уый тыххӕй халдейӕгты хӕстонтӕ Йерусалимӕй куы адард сты,


Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.


Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan