Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 37:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уӕ ныхмӕ цы халдейӕгты ӕфсад хӕцы, ууыл куы фӕуӕлахиз уыдаиккат ӕмӕ ма сӕм ӕрмӕст, чи фӕцӕф ис, ахӕм хӕстонтӕ куы баззадаид, уӕд уыдон дӕр рацыдаиккой сӕ цатыртӕй ӕмӕ ацы сахар басыгътаиккой».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 37:10
15 Iomraidhean Croise  

Уацайрӕгтимӕ уӕ уӕрджытыл ӕрлӕудзыстут, йе та мӕлӕты амӕттаг бауыдзыстут. Фӕлӕ ууыл дӕр Йӕ маст нӕма ссӕудзӕн, Йӕ къух нӕма ӕруадздзӕни дӕлӕмӕ.


Фӕлӕ уыдонӕй кӕй ӕрцахсой, уый ныррӕхойдзысты, кӕуылдӕриддӕр фӕхӕст уой — кардӕй йӕ амардзысты.


Дӕу та ингӕны нӕ бавӕрдтой, аппӕрстой дӕ хус къалиуау. Мӕрдты ’хсӕн, карды амӕттаг чи баци, уыдоны астӕу хуыссыс; дурастӕрд ингӕны дӕ ныппӕрстой, сӕ къӕхтӕй дын дӕ мард ссӕндынц адӕм.


Иу лӕджы тасӕй уӕ лидзӕг фӕуыдзысты мин лӕджы, фондз лӕджы тасӕй та афтӕ лидздзыстут, ӕмӕ ма уӕ чи баззайа, уый уыдзӕни хохы цъуппыл сагъд наухъилау кӕнӕ къуылдымы сӕрыл сагъд тырысайау.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахармӕ Ме ’ргом раздӕхтон йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ уый саусыгъд бакӕндзӕн“».


Сахарыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты. Израилӕгтӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл Баалӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ сӕн кӕм калдтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, цӕмӕй Мӕн мӕсты кӕной, уый тыххӕй, уыцы хӕдзӕрттӕ басудздзысты.


Фараоны ӕфсад кӕй ӕрбаввахс ис, уый тыххӕй халдейӕгты хӕстонтӕ Йерусалимӕй куы адард сты,


халдейӕгтӕ та фӕстӕмӕ раздӕхдзысты ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ схӕцдзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты“».


Байхъусут, Дунедарӕг, Едом ӕмӕ Теманы цӕрджытӕн цы снысан кодта, уымӕ: суанг сын сӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты. Дунедарӕг сын бабын кӕндзӕн сӕ сӕрвӕттӕ.


Байхъусут, Дунедарӕг Вавилонӕн, халдейӕгты зӕххӕн, цы снысан кодта, уымӕ! Суанг ын йӕ уӕрыччыты дӕр рӕгъауӕй фӕдавдзысты, Дунедарӕг сын сӕ сӕрвӕттӕ дӕр бабын кӕндзӕн.


Уадз, халдейӕгты зӕххыл мӕрдтӕ лӕзӕрой, ӕмӕ, фатӕй мӕлӕтдзаг цӕф чи фӕци, уыдон фӕндӕгтыл баззайой!


Уӕ, Дунедарӕг басаста мӕ тыхджынты! Мӕ ныхмӕ мын, бӕрӕгбонмӕ сӕ хонӕгау, ӕрӕмбырд кодта ме знӕгты, — ныццӕгъдой мын мӕ лӕппуты! Сӕнӕфсир сӕндуцӕны ссӕндӕгау, Иудӕйы чызджы Дунедарӕг бассӕста!


Дунедарӕгӕн Йе ’фсады раз райхъуысдзӕни Йӕ хъӕлӕс. Ӕнӕнымӕц, тыхджын сты Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ, хъусынц Ын Йӕ ныхасмӕ. Ӕвирхъау ӕмӕ тынг тӕссаг у Дунедарӕджы бон! Чи бафӕраздзӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan