Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 37:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иоакимы фырт Йехониайы фӕстӕ паддзах сси Иосиайы фырт Цедекиа. Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕй Иудейы паддзахӕй сӕвӕрдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 37:1
11 Iomraidhean Croise  

Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.


Вавилойнаг паддзах Йехониайы бӕсты Иудейы паддзах скодта уымӕн йӕ фыды ’фсымӕр Маттаниайы. Ӕрмӕст ын радта ног ном: Цедекиа.


Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уый уыди, паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Малкиайы фырт Пашхур ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, куы арвыста, уыцы рӕстӕг. Паддзах сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын:


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — иудейаг паддзах Йехониа, Иоакимы фырт, Мӕ къухыл мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн куы фестадаид, уӕд дӕр ӕй срӕдывтаин!


Ау, Йехониа ницӕйаг саст дурын, ӕнӕхъӕугӕ мигӕнӕнӕн у? Йӕ байзӕддӕгтимӕ ӕцӕгӕлон зӕххыл уацайраг цӕмӕн сси?


Навуходоносор, Вавилоны паддзах, Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй иудейаг уӕздӕтты, куырдты ӕмӕ ӕрмдӕсныты. Уыцы заман мын Дунедарӕг фенын кодта цӕстылуайӕн: мӕнӕ Дунедарӕджы хӕдзары цур лӕууынц дыууӕ чыргъӕды, легъуи бӕласы дыргътимӕ.


«Дунедарӕджы, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ацу Иудейы паддзах Цедекиамӕ ӕмӕ йын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй афтӕ зӕгъ: Ӕз ацы сахар дӕттын вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ, ӕмӕ йӕ басудздзӕн.


Иудейаг паддзах Йехониа ӕртын ӕвдӕм аз уацары куы уыди, уӕд Вавилоны бӕстӕйы паддзах сси Евил-Меродах. Дыууадӕсӕм мӕйы дыууын фӕндзӕм бон Иудейы паддзах Иоакимы йӕ хорзӕхы аккаг скодта ӕмӕ йӕ ахӕстонӕй рауагъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan