Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 36:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ды ацу уырдӕм, ӕмӕ дын цы чиныг ныффыссын кодтон, уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй бакӕс ӕппӕт адӕмы раз. Комдарӕн бон сӕ сахартӕй цы иудейӕгтӕ ’рбацӕудзысты, уыдонӕн сӕ се ’ппӕтӕн дӕр бакӕс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 36:6
13 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ зӕгъ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз уын цӕттӕ кӕнын фыдбылыз, уӕ ныхмӕ аразын фыдвӕнд. Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадзӕд, уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут“.


Йеремиа, Дунедарӕг ӕй пехуымпариуӕг кӕнынмӕ кӕдӕм арвыста, уыцы Тофетӕй куы ’рбаздӕхти, уӕд Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕууыд ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн загъта:


«Иудейы паддзах, Давиды паддзахы бадӕны бадӕг, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дӕхӕдӕг, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕм, ацы кулдуары уылты чидӕриддӕр бацӕуы, уыдон се ’ппӕт дӕр хъусӕнт!»


«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕуу ӕмӕ, Иудейы сахарты цӕрджытӕн, бакувынмӕ чи ӕрбацыди, уыдонӕн, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ иууылдӕр фехъусын кӕн, иу дзырд дӕр дзы ма фӕуадз.


«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.


Йеремиа фӕсидти Нериайы фырт Барухмӕ, ӕмӕ йын, Дунедарӕг цыдӕриддӕр дзырдта, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыссын кодта.


«Дунедарӕджы хӕдзары кулдуары раз ӕрлӕуу ӕмӕ фехъусын кӕн: „Ӕгас Иудей, уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут! Ацы кулдуарыл Дунедарӕгӕн бакувынмӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уыдон иууылдӕр хъусӕнт!“»


— Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм мӕйты, стӕй ӕвдӕм ӕмӕ дӕсӕм мӕйты цы комдарӕн бонтӕ ис, уыдон Иудӕйы хӕдзарӕн хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ фестдзысты, ӕрмӕст рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинад уарзут.


Уӕдмӕ рацыди бирӕ рӕстӕг, ком дарыны афон дӕр аивгъуыдта, ӕмӕ науы цӕуын сси тӕссаг. Уымӕ гӕсгӕ Павел дзырдта:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan