Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 36:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Паддзах Йехудийы тухгӕ чиныгмӕ арвыста, ӕмӕ йӕ уый нымӕрдар Елишамайы агъуыстӕй ӕрбахаста. Паддзахы ӕмӕ, йӕ разы чи лӕууыд, уыцы уӕздӕтты раз ӕй хъӕрӕй бакасти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 36:21
7 Iomraidhean Croise  

Шафан паддзахмӕ равдыста, Хилкиа йӕм цы чиныг радта, уый ӕмӕ йын ӕй бакасти.


Ноджы ма Шафан йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Сауджын Хилкиа мӕм тухгӕ чиныг радта». Ӕмӕ йӕ Шафан паддзахы раз бакасти.


Фын чи федта, уыцы пехуымпар-иу йӕ фын адӕмӕн фынау дзурӕд. Мӕ ныхас Мын чи фехъуыста, уый та йӕ раст хъусын кӕнӕд. Цы ис иумӕйагӕй мӕнӕу ӕмӕ зыгуыммӕ? — зӕгъы Дунедарӕг.


«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕуу ӕмӕ, Иудейы сахарты цӕрджытӕн, бакувынмӕ чи ӕрбацыди, уыдонӕн, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ иууылдӕр фехъусын кӕн, иу дзырд дӕр дзы ма фӕуадз.


Уӕздӕттӕ Барухмӕ арвыстой Йехудийы. Уый уыди Нетаниайы фырт, Шелемийы фырты фырт, Кушийы фыртӕн йӕ фырты фырт. Бафӕдзӕхстой йын, цӕмӕй Барухӕн афтӕ зӕгъа: «Адӕмы раз хъӕрӕй кӕй кастӕ, уыцы чиныг райс ӕмӕ ардӕм рацу». Нериайы фырт Барух тухгӕ чиныг райста ӕмӕ сӕм ӕрбацыди.


Уыдон ын загътой: «Сбад ӕмӕ нын ацы чиныг бакӕс». Барух сын ӕй бакаст.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan