Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 36:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 36:2
34 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ тухгӕ чиныг ссардтой Екбатаны галуаны, Мидийы. Фыст дзы уыди: «Зӕрдыл дарынӕн.


О, исчи мӕм куы байхъусид! Цы загътон, уыдонӕй алцӕуыл дӕр ӕз мӕ къух ӕвӕрын, ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомыс дзуапп раттӕд, мӕ Аххосгӕнӕг ныффыссӕд, цӕй мидӕг ис мӕ азым.


Рынчынфӕрсджытӕ мын цурон ныхӕстӕ акӕнынц, сӕ зӕрдӕты та — марг: мӕ разӕй куы ацӕуынц, уӕд ракӕнынц мӕ фыдгой.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».


Дунедарӕг мын загъта, райс иу стыр къӕй ӕмӕ йыл, адӕймаг ӕй ӕнцонӕй куыд бакӕса, афтӕ ныффысс: «„Магер-Шалал-Хаш-Баз“.


Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».


«Мады гуыбыны дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ равзӕрстон, гуырд нӕма уыдтӕ, афтӕ дӕ адӕмтӕн пехуымпарӕй сӕвӕрдтон».


Дунедарӕг радардта Йӕ къух, бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ дын бавӕрдтон дӕ комы.


Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ! Уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут!


Дунедарӕг ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы ныхас кӕны мемӕ, иудейаг паддзах Иосиа, Амоны фырт, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕдӕй абонмӕ. Ӕмӕ ӕз ӕрвылбон уемӕ дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат.


«Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цыдӕриддӕр дын фехъусын кодтон, уыдон тухгӕ чиныджы ныффыс.


Уӕздӕттӕ Барухмӕ арвыстой Йехудийы. Уый уыди Нетаниайы фырт, Шелемийы фырты фырт, Кушийы фыртӕн йӕ фырты фырт. Бафӕдзӕхстой йын, цӕмӕй Барухӕн афтӕ зӕгъа: «Адӕмы раз хъӕрӕй кӕй кастӕ, уыцы чиныг райс ӕмӕ ардӕм рацу». Нериайы фырт Барух тухгӕ чиныг райста ӕмӕ сӕм ӕрбацыди.


Барух сын дзуапп радта: «Йеремиа мын сӕ дзырдта, ӕз та сӕ милдонӕй тухгӕ чиныджы фыстон».


Ӕмӕ-иу куыддӕр Йехуди чиныгӕй ӕртӕ-цыппар цӕджындзы бакаст, афтӕ-иу сӕ паддзах нымӕрдары кардӕй фӕлыг кодта ӕмӕ-иу сӕ къонайы арты баппӕрста, цалынмӕ тухгӕ чиныг иууылдӕр арты басыгъди, уӕдмӕ.


Иудейы паддзах Иоакимӕн та зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды ацы чиныг басыгътай ӕмӕ загътай: ‚Дзӕгъӕлы ныффыстай, Вавилоны паддзах ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн, ацы зӕхх сафтид кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕй, цӕрӕгойӕ се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзӕн!‘


Ды ацу уырдӕм, ӕмӕ дын цы чиныг ныффыссын кодтон, уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй бакӕс ӕппӕт адӕмы раз. Комдарӕн бон сӕ сахартӕй цы иудейӕгтӕ ’рбацӕудзысты, уыдонӕн сӕ се ’ппӕтӕн дӕр бакӕс.


Мӕнӕ цы загъта пехуымпар Йеремиа Нериайы фырт Барухӕн, Иудейы паддзах, Иосиайы фырт Иоакимӕн, йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз уый уыцы ныхӕстӕ тухгӕ чиныджы куы ныффыста, уӕд:


Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон: къух радардӕуыд мӕнӕрдӕм, къухы та — тухгӕ чиныг.


Ӕз ын ныффыстон Мӕ ахсджиаг ӕгъдӕуттӕ, фӕлӕ сӕ уый ӕнӕхъӕугӕйыл банымадта.


Моисей Ӕгъдау райдайӕнӕй кӕронмӕ фыст куы фӕци чиныджы,


Уӕд Ӕз загътон: „Уаз Чиныджы Мӕн тыххӕй куыд фыст ис, афтӕ мӕнӕ ӕрцыдтӕн, Хуыцау, Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan