13 Барух адӕмӕн Дунедарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй куы каст, уӕд Миха, цыдӕриддӕр фехъуыста, уыдон иууылдӕр уӕздӕттӕн радзырдта.
Шафан паддзахмӕ равдыста, Хилкиа йӕм цы чиныг радта, уый ӕмӕ йын ӕй бакасти.
Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ цы загътон, уый куы фехъуыстай, — гӕныстон ӕмӕ ӕлгъыст сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц, — уӕд дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтай ӕмӕ дӕ цӕссыг калдтай Мӕ разы. Уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Шафаны фырты фырт, Гемариайы фырт Миха, фехъуыста Дунедарӕджы ныхӕстӕ, тухгӕ чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди, уыдӕттӕ.
Хабар Ниневийы паддзахмӕ байхъуысти, уый сыстад йӕ къӕлӕтджынӕй, йӕ дарӕс раласта, сӕхъис скодта йӕ уӕлӕ ӕмӕ фӕнычы сбадти.