3 Ӕз фӕсидтӕн Хавацинийы фырты фырт, Йеремиайы фырт Иазанимӕ, стӕй уымӕн йе ’фсымӕртӕм, йӕ фырттӕм ӕмӕ рехавонты ӕппӕт мыггагмӕ.
«Ацу рехавонтӕм ӕмӕ сӕ ӕрбахон Дунедарӕджы хӕдзармӕ, йӕ агъуыстытӕй иумӕ, сӕ разы-иу сын сӕн ӕрӕвӕр».
Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.