9 Алчидӕр хъуамӕ йӕ дзуттаг цагъартӕн, усӕй, лӕгӕй, сӕрибар раттаид ӕмӕ йе ’фсымӕрты, иудейӕгты, йӕхимӕ цагъарӕй мачиуал дардтаид.
Чи аирвӕзти, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта дзуттаг Аврамӕн, уыцы рӕстӕг амораг Мамрейы тулдзджыны раз чи царди, уымӕн. Ӕфсымӕртӕ Мамре, Ешкол ӕмӕ Анер уыдысты Аврамы цӕдисонтӕ.
Дзуттӕгты зӕххӕй дӕр мӕ давгӕ ракодтой, ӕмӕ ам дӕр, ницӕмӕй фӕазымджын дӕн, афтӕмӕй мӕ хъоргъы смидӕг кодтой».
Байгом ӕй кодта, ӕмӕ дзы — саби. Сывӕллон куыдта, ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. «Ай дзуттаг сывӕллон у», — загъта фараоны чызг.
Израилы адӕмы хистӕртӕ дӕм байхъусдзысты, ӕмӕ-иу семӕ бацу Мысыры паддзахмӕ ӕмӕ йын-иу зӕгъут: „Ӕргом нӕм рацыди Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау. Уӕдӕ нӕ ауадз, ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй уым нывонд ӕрхӕссӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“.
Сӕхи дӕр сын ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ басӕтдзысты. Ӕз сын сӕ митӕм ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн».
Ӕппӕт адӕмтӕ йын лӕггад кӕндзысты, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр, цалынмӕ йӕ зӕххӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ йын лӕггад кӕндзысты.
Уыцы бон сын Ӕз, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — сӕ бӕрзӕйыл цы ’фсондз ис, уый ныппырх кӕндзынӕн, сӕ бӕндӕнтӕ сын фӕйнӕрдӕм арӕдувдзынӕн! Ӕмӕ уӕд лӕггад кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн нӕ,
Уӕздӕттӕ, стӕй фидыд чи сарӕзта, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ цагъарты суӕгъд кӕныныл ӕмӕ сӕ уацары мауал дарыныл сразы сты.
Сымах та уӕхӕдӕг ӕфхӕрут ӕмӕ стигъут. Ӕмӕ кӕй? Уе ’фсымӕрты!
Уыдон дзуттӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Израилӕгтӕ сты? Ӕз дӕр. Авраамы цот сты? Ӕз дӕр.
Дӕхи адӕмӕй исчи, дзуттаг нӕлгоймаг кӕнӕ дзуттаг сылгоймаг, дӕ цагъар куы суа, уӕд дын ӕхсӕз азы фӕкусӕд, ӕвдӕм аз та йӕ ссӕрибар кӕн.
Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ — фарисей,
Филистимӕгтӕ сӕ куы федтой, уӕд загътой: «Мӕнӕ дзуттӕгтӕ се ’мбӕхсӕн цъассытӕй рацыдысты».
Уый фехъусгӕйӕ, филистимӕгтӕ скатай сты: «Цӕй цины хъӕр хъуысы уый дзуттӕгты рӕсӕнуаты ’рдыгӕй?» Дунедарӕджы Фидыды Чырын Израилы рӕсӕнуаты ис, уый куы базыдтой,
Фидар лӕуут ӕмӕ уе ’хсар равдисут, филистимӕгтӕ, ӕмӕ дзуттӕгтӕн сӕ цагъартӕ ма суат, уыдон сымахӕн цагъар куыд сты, афтӕ. Семӕ тохы бацӕут — уӕ лӕджыхъӕд ӕмӕ уӕхӕдӕг!»