Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 34:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уыцы заман паддзах Цедекиа Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ сфидар кодта фидыд, цӕмӕй сӕ цагъарты ссӕрибар кӕной.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 34:8
18 Iomraidhean Croise  

Йехода иудейаг адӕм ӕмӕ паддзахӕн Дунедарӕгимӕ фидыд саразын кодта. Адӕмы сӕйраг хӕс — Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын. Ноджы ма Йехода саразын кодта фидыд паддзах ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр.


Йехода йӕхӕдӕг дӕр фидыды ард бахордта, стӕй фидыды ард адӕм ӕмӕ паддзахӕн дӕр бахӕрын кодта — Дунедарӕджы адӕм кӕй уыдзысты.


Ныр ӕз сфӕнд кодтон бафидауын Дунедарӕгимӕ, Израилы Хуыцауимӕ, кӕд нӕ Йӕ масты цӕхӕртӕ иуварс аздахид.


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй мах аразӕм бардзырд, йӕ быны сӕ къухтӕ ӕвӕрынц ӕмӕ фыст афтӕмӕй фидар кӕнынц нӕ фӕтӕгтӕ, левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ».


Мӕнӕ уын, Ӕз цы комдарӕн равзӕрстон, уый: уацайрӕгтӕн сӕ хъадамантӕ ныссӕтт, се ’фсондз сын сис сӕ бӕрзӕйӕ, ӕфхӕрд адӕмӕн ратт сӕрибар ӕмӕ макӕйуал бассӕнд.


Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ ныхасмӕ Мын кӕй нӕ байхъуыстат ӕмӕ уе ’фсымӕрты, уӕ хиуӕтты кӕй не ссӕрибар кодтат, уый тыххӕй уын Ӕз ныр лӕвар кӕнын сӕрибар, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕрибарӕй кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлыны фадат. Ӕз сымахӕй ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн!


ӕмӕ афтӕмӕй фӕндзайӕм аз банымайут уазыл. Уӕ зӕххыл-иу алкӕмӕн дӕр фехъусын кӕнут, сӕрибар сын лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый. Уыцы аз уын уыдзӕни Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, алчидӕр уӕ хъуамӕ раздӕха йӕ зӕххы хаймӕ, йӕхи мыггагмӕ.


Дӕхи адӕмӕй исчи, дзуттаг нӕлгоймаг кӕнӕ дзуттаг сылгоймаг, дӕ цагъар куы суа, уӕд дын ӕхсӕз азы фӕкусӕд, ӕвдӕм аз та йӕ ссӕрибар кӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan