Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 34:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дӕхӕдӕг дӕр паддзахӕй нӕ аирвӕздзынӕ, ӕрцахсдзысты дӕ, ӕмӕ йӕ къухмӕ бахаудзынӕ. Вавилоны паддзахы раз ӕрлӕудзынӕ, йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзынӕ ӕмӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 34:3
18 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.


„Уыдон дӕр Вавилонмӕ ласт ӕрцӕудзысты ӕмӕ уым баззайдзысты, цалынмӕ Мӕ тӕрхоны рӕстӕг нӕ ралӕууа, — зӕгъы Дунедарӕг, — цалынмӕ сӕ Ӕз нӕ рахӕссын кӕнон ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы бынатмӕ нӕ раздахон, уӕдмӕ“».


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахар халдейӕгтӕ ӕмӕ вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ ратдзынӕн, паддзах ӕй бацахсдзӕн.


Иудейы паддзах Цедекиа Йеремиайы ахӕстоны сбадын кодта ӕмӕ йын загъта: «Ахӕм рагуацтӕ цӕмӕн хъусын кӕныс? Ды дзурыс: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ бацахсдзӕн.


Иудейы паддзах Цедекиа дӕр халдейӕгты къухтӕй нӕ аирвӕздзӕн, ӕнӕмӕнг Вавилоны паддзахы къухмӕ бахаудзӕн ӕмӕ йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзӕн.


Ӕз иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕтты, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты амӕттаг бакӕндзынӕн, уӕ зӕххӕй чи аздӕхт, уыцы вавилойнаг ӕфсады къухмӕ сӕ ратдзынӕн.


Фӕлӕ байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ, Цедекиа, Иудейы паддзах! Дунедарӕг афтӕ зӕгъы дӕу тыххӕй: ды карды цӕфӕй нӕ амӕлдзынӕ,


Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».


Фӕлӕ вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕн сӕ размӕ куынӕ рацӕуай, уӕд ацы сахар халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ басудздзысты, дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ“».


Дӕ устытӕ ӕмӕ дын дӕ фыртты халдейӕгтӕм акӕндзысты, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ. Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн, ацы сахар та сыгъд ӕрцӕудзӕни».


Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн.


Фӕлӕ уыцы паддзах йӕ ныхмӕ сыстад. Мысырмӕ арвыста минӕвӕрттӕ, цӕмӕй йын раттой бӕхтӕ ӕмӕ бирӕ адӕм. Ӕцӕг ын ницы бантысдзӕн. Нӕ аирвӕздзӕн, уыдӕттӕ чи аразы, уый. Йӕ фидыд чи фехӕлдта, уый куыд хъуамӕ аирвӕза?“»


«Сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уый амӕлдзӕни, паддзахӕй йӕ чи сӕвӕрдта, уыцы паддзахы сахары, Вавилоны, уымӕн ӕмӕ ахызт йӕ ардбахӕрды сӕрты ӕмӕ фехӕлдта йӕ фидыд.


Дӕуӕн дӕр, Израилы ӕнаккаг фӕтӕг, фыдгӕнӕг, абон ралӕууыд дӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan