Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 34:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, барджынтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕппӕт адӕмы — уыцы родӕн йӕ дыууӕ ’рдӕджы астӕу чи ацыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 34:19
14 Iomraidhean Croise  

Хур аныгуылд, ӕмӕ бӕстӕ ныттар ис. Ӕвиппайды сырхзынг пец ӕмӕ пиллонуадзгӕ цырагъ кусарты хӕйттӕн сӕ тӕккӕ астӕуты ацыдысты.


Аврам бафарста: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, цӕмӕй бӕрӕг у, ацы зӕхх мӕн кӕй уыдзӕни, уый?»


Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.


Вавилонмӕ Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты Йехониа дӕр, йӕ мад, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр, стӕй бӕстӕйы уӕздӕттӕ дӕр.


Уый уыди, паддзах Йехониа, йӕ мад, евнухтӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, куырдтӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты Йерусалимӕй куы акодтой, уый фӕстӕ.


Уӕздӕттӕ, стӕй фидыд чи сарӕзта, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ цагъарты суӕгъд кӕныныл ӕмӕ сӕ уацары мауал дарыныл сразы сты.


Паддзахы галуаны барджынтӕй иу уыди эфиопаг, йӕ ном — Еведмелех. Уый, Йеремиайы цъайы кӕй ныппӕрстой, уыцы хабар фехъуыста. Уыцы рӕстӕг паддзах бадти Бениамины кулдуары раз.


Ривлайы сахары вавилойнаг паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты амарын кодта йӕхи раз, иудейаг уӕздӕтты се ’ппӕты дӕр ныццагъта.


Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы.


Нӕ паддзӕхтӕ, не ’лдӕрттӕ, нӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ не ’ппӕт адӕммӕ Дӕ номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕм, Дӕ лӕггадгӕнджытӕм, нӕ хъуыстам.


О Дунедарӕг! Фидиссаг фесты нӕ сӕртӕ! Фидиссаг фӕуӕнт нӕ паддзӕхтӕ, не ’лдӕрттӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan