Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 34:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Фӕлӕ уый фӕстӕ уӕ фӕнд аивтат ӕмӕ Мын Мӕ ном сӕгад кодтат. Алчидӕр уӕ ауагъта йӕ цагъарты, цӕмӕй, кӕдӕм сӕ фӕнды, уырдӕм цӕуой, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ раздӕхтат ӕмӕ та сӕ ногӕй уӕхицӕн цагъайрӕгтӕ скодтат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 34:16
15 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕхъуаджы ма сдзур Дунедарӕджы, Дӕ Хуыцауы, ном. Дунедарӕг ӕнӕбафхӕргӕ нӕ ныууадздзӕн, Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уый.


Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕ фӕнд аивтой ӕмӕ, кӕй ауагътой, уыцы цагъарты раздӕхтой, фӕстӕмӕ та сӕ цагъайрӕгтӕ скодтой.


Уӕ фӕливӕнтӕй рӕстгӕнӕджы кӕй ӕфхӕрут, Ӕз ӕй ӕфхӕринаг нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕнаккагыл фӕстӕмӕ кӕй хӕцут, ома йе ’нӕуаг митӕ ма ныууадза ӕмӕ йӕ уд ма фервӕза, зӕгъгӕ,


Рӕстгӕнӕг дӕр йӕ рӕстадыл йӕ къух куы сиса ӕмӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын куы райдайа, ӕнаккаджы ӕлгъаг митӕ куы фӕзма, уӕд куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Уымӕй размӕ рӕстагӕй цы сарӕзта, уыдон ын нал ӕрымыстӕуыдзӕн. Цы фӕлывд митӕ ӕмӕ цы тӕригъӕдтӕ кӕны, уыдоны тыххӕй амӕлдзӕн.


Сымах та, Израилы адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уӕ гуымирытӕм ацӕут ӕмӕ сын лӕггад кӕнут, кӕд Мӕнмӕ нӕ хъусут, уӕд, фӕлӕ Мын Мӕ уаз ном уӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ уӕ гуымирытӕй мауал фӕчъизи кӕнут.


Рӕстгӕнӕг йӕ рӕстадӕй йе ’ргом куы аздаха ӕмӕ фыдракӕнд куы сараза, уӕд ын Ӕз йӕ размӕ цӕлхдур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ амӕлдзӕн. Зонд ын куынӕ амонай, уӕд амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ нымады дӕр нал уыдзысты, фӕлӕ йын Ӕз йӕ туг дӕуӕй исдзынӕн.


Мӕ адӕм Израилӕн раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фегад кӕнын нал бауадздзынӕн. Уӕд адӕмтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Уаз Хуыцау, уый.


Мӕ номӕй мӕнг сомытӕ ма кӕнут, науӕд уӕ Хуыцауы ном фегад кӕндзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Сымах Мын цъыф калут Мӕ номыл, афтӕ уӕм кӕсы, цыма Дунедарӕджы фынг уаз нӕу. Йӕ уӕлӕ йын цы хойраг сӕвӕрынц, уый кады аккаг нӕ кӕнут.


Мӕ нывондхӕссӕнмӕ Мын нӕфӕтчиаг дзул ӕрбахӕссут ӕмӕ ма уый фӕстӕ дзурут, цӕмӕй Дӕ кӕнӕм ӕгад, зӕгъгӕ. Дунедарӕджы фынг кады аккаг нӕу, зӕгъгӕ, кӕй дзурут, уымӕй.


«Фӕсмон кӕнын, Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ уый йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта». Самуелӕн йӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ дзынӕзта Дунедарӕгмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan