10 Уӕздӕттӕ, стӕй фидыд чи сарӕзта, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ цагъарты суӕгъд кӕныныл ӕмӕ сӕ уацары мауал дарыныл сразы сты.
Дзуттаг цагъары куы балхӕнай, уӕд дӕм бакусӕд ӕхсӕз азы, ӕвдӕм аз ӕй суӕгъд кӕн ӕнӕ фиддон.
Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.
Иудейаг уӕздӕттӕ уыцы хабар куы фехъуыстой, уӕд паддзахы галуанӕй Дунедарӕджы хӕдзармӕ ’рбацыдысты ӕмӕ Ног кулдуары бацӕуӕны раз ӕрбадтысты.
Уӕд уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм загътой сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн: «Ацы лӕг маринаг нӕу, уымӕн ӕмӕ немӕ дзырдта Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, номӕй».
Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕ фӕнд аивтой ӕмӕ, кӕй ауагътой, уыцы цагъарты раздӕхтой, фӕстӕмӕ та сӕ цагъайрӕгтӕ скодтой.
Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, барджынтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕппӕт адӕмы — уыцы родӕн йӕ дыууӕ ’рдӕджы астӕу чи ацыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр,
Уый ныццыди паддзахы галуанмӕ, нымӕрдарты агъуыстмӕ. Уыцы рӕстӕг уым бадтысты уӕздӕттӕ: нымӕрдар Елишама, Шемайайы фырт Делаи, Ахборы фырт Елнатан, Шафаны фырт Гемариа, Хананиайы фырт Цедекиа ӕмӕ иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.
Уӕд уӕздӕттӕ паддзахӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы. Ахӕм ныхӕстӕй, сахары ма цы хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн сӕ хъару лӕмӕгъ кӕны. Йӕ зӕрдӕ адӕмӕн хорзӕй ницы зӕгъы, се сӕфтмӕ бӕллы».
ӕмӕ афтӕмӕй фӕндзайӕм аз банымайут уазыл. Уӕ зӕххыл-иу алкӕмӕн дӕр фехъусын кӕнут, сӕрибар сын лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый. Уыцы аз уын уыдзӕни Ӕрдӕгсӕдӕйон аз, алчидӕр уӕ хъуамӕ раздӕха йӕ зӕххы хаймӕ, йӕхи мыггагмӕ.
Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.