Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 34:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’фсадимӕ ӕмӕ, кӕй басаста, уыцы паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмтимӕ Йерусалим ӕмӕ йӕ алыварс сахартыл куы ’рхъула кодта, уыцы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 34:1
14 Iomraidhean Croise  

Ӕз цӕгаты паддзахӕдты адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсиддзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ сӕ паддзахы къӕлӕтджынтӕ Йерусалимы кулдуары цур, йӕ систы раз ӕмӕ Иудейы алы сахары дӕр ӕрӕвӕрдзысты.


«Дунедарӕгӕн мах тыххӕй балӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор нӕ ныхмӕ схӕцыди. Чи зоны, ӕмӕ нын Дунедарӕг, раздӕры заман куыд уыдис, афтӕ ӕмбисонды хъуыддаг сараза, ӕмӕ Навуходоносор ардыгӕй йӕхи айса».


Паддзах Цедекиа Иудейы дӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уыцы заман Навуходоносоры паддзахдзинадыл цыди ӕстдӕсӕм аз.


Вавилойнаг паддзахы ’фсад ӕрхъула кодта Йерусалимыл, пехуымпар Йеремиа та иудейаг паддзахы галуаны, хъахъхъӕнджыты кӕрты, ахӕстоны бадти.


Уыцы рӕстӕг вавилойнаг паддзахы ’фсад хӕцыди Йерусалимы, стӕй, Иудейы сахартӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, Лахиш ӕмӕ Азекайы, ныхмӕ. Ӕрмӕст ма ацы дыууӕ сахарӕн сӕ бырутӕ нӕ басастой.


Ӕз, паддзах Навуходоносор, дзӕбӕхӕй мӕ галуаны цардтӕн, мӕ хӕдзары ӕнӕмӕтӕй мӕ бонтӕ ӕрвыстон.


Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, цӕрдзынӕ сырдтимӕ, галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй дӕхи ӕхсдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн сӕ хицау у Иууылбӕрзонд, ӕмӕ паддзахы бынат, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн ратты.


Хуыцауы фӕрцы ахӕм хъомысджын сси, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ фыр тӕссӕй йӕ разы рызтызты. Марын ӕй кӕй фӕндыд, уый-иу амарын кодта, кӕй йӕ фӕндыд, уый та-иу удӕгасӕй ныууагъта. Кӕй-иу уӕлӕрвтӕм систа, кӕй та-иу ӕгады бынаты сӕвӕрдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan