Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 33:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 сӕ цӕрджытӕ рацыдысты халдейӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕлӕ Ӕз ацы хӕдзӕрттӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, фесафдзынӕн, уыцы хӕдзӕрттӕ адӕмы мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахарӕй се ’ппӕт фыдракӕндты тыххӕй Ме ’ргом аздӕхтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 33:5
16 Iomraidhean Croise  

Ӕххуысагур дӕр Дӕм ничиуал кувы. Ӕмӕ нӕм Ды дӕр нал ӕвдисыс Дӕ цӕсгом. Ныууагътай нӕ, ӕмӕ сӕфты къахыл ныллӕууыдыстым нӕ фыдмиты тыххӕй.


Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта Йаковы байзӕддагӕй, фӕлӕ ӕз уӕддӕр Дунедарӕгӕй ныфсджын уыдзынӕн, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.


Ӕз сӕ се знӕгты раз скӕсӕйнаг дымгӕйау ныххӕлиу кӕндзынӕн, бӕллӕхы заман сӕм раздахдзынӕн Ме ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕ чъылдым».


Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахармӕ Ме ’ргом раздӕхтон йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ уый саусыгъд бакӕндзӕн“».


Уый Цедекиайы акӕндзӕн Вавилонмӕ, ӕмӕ уым баззайдзӕн, цалынмӕ йӕм Ӕз не ’ркӕсон, уӕдмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Халдейӕгты ныхмӕ куы тох кӕнат, уӕд сыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзыстут“».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ судзгӕ маст Йерусалимы цӕрджытыл куыд ныккалд, афтӕ сымахыл дӕр ныккӕлдзӕн, Мысырмӕ куы бацӕуат, уӕд. Ӕлгъитдзысты уӕ, уӕ уындӕй адӕмыл стыр тас ӕфтаудзыстут. Сӕгад уыдзыстут, уӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх никуыуал фендзыстут».


Йӕ нывондхӕссӕн фехста, Йӕ Кувӕндонмӕ нал цӕуы ӕмгӕрон. Сионы галуантӕ фыдгулты къухтӕм радта, сӕ уынӕр хъуысы Дунедарӕджы хӕдзарӕй, — бӕрӕгбон сын у ныр!


Ӕз Израилы адӕмӕй Ме ’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».


Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.


Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“


Ӕз та сӕ уӕд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй Ме ’ргом аздахдзынӕн.


Загъта: „Ме ’ргом сӕ аздахдзынӕн ӕмӕ, сӕ кӕрон цӕмӕ ӕрцӕудзӕн, уый фендзынӕн. Мӕнгард фӕлтӕр сты уыдон, сӕ хӕс кӕмӕй ферох ис, ахӕм цот.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan