Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 33:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 33:3
29 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


Дӕ къухмӕ ратдзынӕн дунейы мулк, арф ӕмбӕхст хӕзнатӕ. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Хуыцау, ӕмӕ дӕм дӕ номӕй кӕй дзурын, уый.


Мӕ ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты, уымӕн уӕхӕдӕг — ӕвдисӕн, уӕдӕ куыннӕ сӕттут? Ныр та Ӕз рагацау зӕгъын, сымахӕй ӕмбӕхст чи у, чи нӕма раргом, уыцы фидӕны тыххӕй.


Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.


Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры фӕрсӕд: «Цавӕр дзуапп радта Дунедарӕг?» кӕнӕ: «Дунедарӕг цы загъта?»


Сымах мӕ ӕрцагурдзыстут, ацӕудзыстут ӕмӕ Мӕм скувдзыстут, ӕмӕ уӕ Ӕз фехъусдзынӕн.


«О Дунедарӕг Хуыцау! Де ’гӕрон хъомысӕй, Дӕ къухӕй Ды сфӕлдыстай уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх! Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у дӕ бон!


«Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт цӕрӕг удты Хуыцау. Мӕ бон саразын цы нӕу, ахӕмӕй исты ис?


Уӕларвон Хуыцауӕй хорзӕх курӕнт, цӕмӕй сын фыны сусӕгдзинад раргом кӕна ӕмӕ сӕ Вавилоны иннӕ куырыхонтимӕ ма амарой.


Ды раргом кӕныс арф сусӕгтӕ, талынджы Дӕ ницы ис бамбӕхсӕн. Ды кӕм дӕ, уым ӕппынӕдзухӕй рухс у.


Кад ӕмӕ Дын арфӕ кӕнын, мӕ фыдӕлты Хуыцау! Радтай мын хъару ӕмӕ уӕлзонд! Сӕххӕст нын кодтай нӕ курдиат — паддзахы фын нын раргом кодтай».


Ӕмӕ Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уыдон фервӕздзысты: Сионы хохыл Йерусалимы, адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон удӕгасӕй баззайдзысты, Дунедарӕг зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ. Дунедарӕг кӕмӕдӕриддӕр фӕсида, уыдон фервӕздзысты.


Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.


— Мысырӕй куы рацыдтӕ, уыцы заман куыд уыд, афтӕ та дын фенын кӕндзынӕн Мӕ диссӕгтӕ.


Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыди, уый: «Дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыдис, уый».


Ӕмӕ уыдзӕн афтӕ: Бардарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн“.


Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, Йесо Чырыстиимӕ баиуы фӕрцы Хуыцауыл фӕдзӕхст чи у ӕмӕ Хуыцау Йӕ сыгъдӕджытӕ суӕвынмӕ кӕмӕ фӕсидти, уыдонмӕ; стӕй, алы ран дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ном чи ары, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.


Цы курӕм кӕнӕ нӕ хъуыдыйы дӕр цы нӕй, уымӕй дзӕвгар фылдӕр саразын нӕ бон Кӕй хъаруйӕ у,


Уым райдайдзыстут агурын Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕмӕ Йӕ удуӕлдайӕ, зӕрдиагӕй куы ӕрцагурат, уӕд Ӕй ссардзыстут.


Уымӕн ӕмӕ ма кӕм ис дыккаг ахӕм стыр адӕм, йӕ хуыцӕуттӕ, махмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куы Йӕм скувӕм, уӕд куыд хӕстӕг вӕййы, афтӕ ӕввахс кӕмӕ сты?


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan