2 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, зӕхх Чи сфӕлдыста, Чи йӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ Чи сфидар кодта, Уый:
Радымы йыл дымгӕ, ӕмӕ цыдӕр ӕрбавӕййы, ӕмӕ, кӕм уыд, уыцы бынат дӕр ничиуал ӕрымысдзӕн.
Ӕз сдӕн, ингӕнмӕ чи ныххызти, хъару кӕмӕ нал ис, уыдоны ’нгӕс.
Дунедарӕг у хӕстон, Дунедарӕг — Йӕ ном!
Аврааммӕ, Исаакмӕ ӕмӕ Йаковмӕ Ӕз раргом дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕй, фӕлӕ сын, „Дунедарӕг“, зӕгъгӕ, уыцы номимӕ Мӕхи нӕ раргом кодтон.
Уӕдӕ цы дзуапп раттын хъӕуы ацы адӕмы минӕвӕрттӕн? Уыдонӕн зӕгъын хъӕуы, Сион сфидар кодта Дунедарӕг, ӕмӕ дзы Йӕ адӕмы мӕгуыртӕ сӕ сӕртӕ бафснайдзысты, зӕгъгӕ».
Фӕлӕ-ма зӕгъ, дӕ хъустыл никуы ӕрцыдис, Ӕз уыдӕттӕ незаманты кӕй стӕрхон кодтон, уый? Ныр сӕ ӕххӕст кӕнын, ды сахартӕ куыд гӕныстон кӕныс, куыд сӕ пырх кӕныс, уыцы хуызы.
Ӕз Дунедарӕг дӕн. Уый Мӕ ном у, ӕмӕ Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн, Мӕ намыс гуымирытӕн нӕ балӕвар кӕндзынӕн.
Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!
Уыцы адӕмы Ӕз сфӕлдыстон Мӕхицӕн, ӕмӕ Мын дунейыл айхъуысын кӕндзысты Мӕ кад, Мӕ ном».
Ма ныхъхъус ут, кувут Дунедарӕгмӕ, цалынмӕ Йерусалимы сахар ногӕй сараза, цалынмӕ, йӕ кады ном дунейыл кӕмӕн айхъуыса, ахӕм сахар дзы сараза, уӕдмӕ!
Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
«Мӕнӕ сын Ӕз Мӕ хъомысджын къух равдисдзынӕн, ӕмӕ базондзысты, Мӕ ном Дунедарӕг кӕй у, уый.
Дӕ хорзӕхтӕ мингай адӕмӕн раттыс, ныййарджыты тӕригъӕдтӕ бафидын кӕныс сӕ цотӕн. О хъомысджын стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр у йӕ хъысмӕт, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау сфӕлдыста ӕппӕт дӕр. Израилӕгтӕ сты Йӕ адӕм ӕмӕ Йӕ исбон, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Авд хойы стъалыгуппар ӕмӕ Орион Чи сфӕлдыста? Талынг райдзаст райсом Чи фестын кӕны, бон та — тар ӕхсӕв? Чи фӕсиды денджызы уылӕнтӕм ӕмӕ сӕ зӕххы цъарыл Чи акалы? Дунедарӕг — Йӕ ном!
Йӕ галуантӕ сарӕзта уӕлӕрвты, Йе ’рдынцар ӕрфидар кодта зӕххы сӕрмӕ. Уый фӕсиды денджызы дӕттӕм ӕмӕ сӕ акалы зӕххы цъарыл, Дунедарӕг — Йӕ ном.
Уымӕн ӕмӕ Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, Хуыцау йӕ нывгӕнӕг ӕмӕ аразӕг кӕмӕн у, уыцы сахармӕ.
Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвон бӕстӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕгад нӕ кӕсы Йӕхи уыдоны Хуыцау хонын, уымӕн ӕмӕ Уый уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта сахар.
Ӕз уыдтӕн Удӕй разӕнгард, ӕмӕ мӕ зӕд схаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ, фенын мын кодта Йерусалимы сыгъдӕг сахар уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ.
Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.