Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 33:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Хӕххон сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, Бениамины зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы алфамбылӕйтты, Иудейы сахарты — алы ран дӕр, чи сӕ нымайдзӕн, уыдоны дӕлбар ногӕй фосы рӕгъӕуттӕ хиздзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 33:13
9 Iomraidhean Croise  

Иудейы сахартӕй, стӕй Йерусалимы алфамбылайӕ, Бениамины зӕххӕй, Шефелайӕ, хӕхтӕй ӕмӕ Негевӕй адӕм цӕудзысты ардӕм, цӕмӕй Дунедарӕджы хӕдзары иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ ӕрхӕссой, хойраджы хуынтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ Йын ӕрбахӕссой.


Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.


Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы зӕххыл ногӕй ӕлхӕндзысты хӕдзӕрттӕ, зӕххы хӕйттӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ».


Рауадздзынӕн уӕ, фыййауы лӕдзӕджы бынты рауадзӕгау, ӕмӕ та уемӕ ногӕй сфидар кӕндзынӕн Мӕ фидыд.


Алы стурвос ӕмӕ лыстӕг фосы дӕсӕймаг хай дӕр — дӕсӕймаг хайы гакк кӕуыл ӕвӕрд ӕрцыд, уыдон сты Дунедарӕджы уаз хай.


Ӕмӕ Израилы хӕстонтӕй уымӕй размӕ сӕ зӕххӕй хаст чи ’рцыди, уыдон Ханааны зӕхх Сарептӕйы онг бацахсдзысты. Йерусалимӕй кӕй ракодтой ӕмӕ ныр Сефарады чи цӕры, уыдон та райсдзысты хуссайраг сахартӕ.


«Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕ сӕдӕ фысы ис ӕмӕ йын дзы иу фесӕфти. Ау, уӕд нӕуӕдз фараст фысы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы сӕфты фӕдыл нӕ ацӕудзӕн ӕмӕ йӕ нӕ агурдзӕн, цалынмӕ йӕ ссара, уӕдмӕ?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan