Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 33:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10-11 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынаты тыххӕй сымах дзурут: „Уый у ӕдзӕрӕг быдыр, нал дзы адӕймаг ис, налдӕр фосы мыггаг!“ Фӕлӕ Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг кӕм нал баззад, уым та ногӕй цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр хъуысдзӕн. Дунедарӕджы хӕдзармӕ арфӕйы нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыцы адӕм дзурдзысты: „Уӕларвӕфсады Бардарӕджы стаут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у Дунедарӕг, Йӕ хорзӕхтӕ нӕ фесӕфдзысты мыггамӕ!“ Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххӕн йӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 33:10
9 Iomraidhean Croise  

Мӕ тыхст бон Дӕм дзыназын, ӕмӕ мын Ды ратдзынӕ дзуапп.


Дунедарӕджы номӕй афтӕ цӕмӕн дзурыс, ацы хӕдзар Силомы хъысмӕт бавзардзӕн, сахар та сафтид уыдзӕн ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззайдзӕн, зӕгъгӕ?» Адӕм иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзары ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йеремиайӕн стӕрхон кӕной.


Сымах афтӕ кӕмӕй дзурут, вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцыди, кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бауыдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы:


Ӕмӕ сымах афтӕ цы зӕххӕй дзурут, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг дзы нал баззад, халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцыд, зӕгъгӕ, уым та ногӕй зӕххы хӕйттӕ ӕлхӕндзысты. Фиддзысты сын ӕвзист, ӕлхӕды ӕвдисӕндартыл ӕвӕрдзысты мыхуыртӕ ӕмӕ ’вдисӕнтӕм дзурдзысты. Афтӕ уыдзӕни Бениамины зӕххыл, Йерусалимы алфамбылай ӕмӕ Иудейы ӕппӕт сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».


Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ сты Израилы ӕппӕт адӕм. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, бахус сты не стджытӕ, асасти нӕ ныфс, не сӕфт ӕрцыд».


Уӕ зӕхх уын афтӕ сафтид кӕндзынӕн, ӕмӕ йыл уе знӕгтӕй чи ӕрцӕра, уыдон ныккӕрздзысты.


Ӕмӕ сымахӕн та уӕ хорз хӕдзӕртты цӕрын афон у, ацы хӕдзар заууатмӕ куы ’рцыди, уӕд?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan