9 Ӕмӕ мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамелӕй, Анатоты сахары йын цы зӕххы хай уыди, уый балхӕдтон, ӕвддӕс шекелы йын ӕвзист сбарстон.
Теуатӕ дон куы бануӕзтой, уӕд чызгӕн радта ӕрдӕг шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин фындзцӕг ӕмӕ дӕс шекелы уӕзӕн дыууӕ сыгъзӕрин цонгдарӕны
ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.
Паддзах йӕ цурты куы рацӕйцыд, уӕд пехуымпар ныхъхъӕр кодта: «Ӕз, дӕ цагъар, хӕсты уыдтӕн, ӕмӕ мӕм иу хӕстон уацайраджы ӕрбакодта ӕмӕ мын бафӕдзӕхста: „Ацы лӕджы хъахъхъӕн! Ам ӕй куынӕуал ӕрбаййафон, уӕд амӕлдзынӕ йӕ бӕсты, намӕ дӕ бафидын хъӕудзӕн ӕвзисты иу талант“.
Мӕ размӕйы облӕсты хицӕуттӕ та адӕмыл уаргъ ӕвӕрдтой: ӕвзисты дыууиссӕдз шекелӕй уӕлӕмӕ ма адӕмӕй домдтой хор ӕмӕ сӕн. Суанг ма сӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр ӕлдариуӕг кодтой адӕмӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын.
Искӕй цагъары — нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы — гал куы ныццӕва, уӕд галы хицау хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист цагъары хицауӕн. Галы та дурты бын фӕкӕнын хъӕуы.
Уе ’взистӕй цӕмӕн дӕттут, къӕбӕры аккаг уын цы нӕу, уый сӕрмӕ? Уӕ хъиамӕтӕй дӕр цӕмӕн фидут, уе стонг уын цы нӕ сафы, ууыл? Мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд уӕ хойраг уыдзӕни фӕрнӕйдзаг, уӕ удтӕ ӕфсаддзыстут хӕрзад хӕринагӕй.
Дӕ хойрагӕй-иу алы бон дӕр — боны дӕргъы — хӕр ссӕдз шекелы бӕрц.
Ӕмӕ ӕз мӕхицӕн балхӕдтон сылгоймаджы, фынддӕс шекелы ӕвзист ӕмӕ йыл иу ӕмӕ ӕрдӕг хомеры хъӕбӕрхор радтон.