Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 32:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43-44 Ӕмӕ сымах афтӕ цы зӕххӕй дзурут, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг дзы нал баззад, халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцыд, зӕгъгӕ, уым та ногӕй зӕххы хӕйттӕ ӕлхӕндзысты. Фиддзысты сын ӕвзист, ӕлхӕды ӕвдисӕндартыл ӕвӕрдзысты мыхуыртӕ ӕмӕ ’вдисӕнтӕм дзурдзысты. Афтӕ уыдзӕни Бениамины зӕххыл, Йерусалимы алфамбылай ӕмӕ Иудейы ӕппӕт сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 32:43
7 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы зӕххыл ногӕй ӕлхӕндзысты хӕдзӕрттӕ, зӕххы хӕйттӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ».


Афтӕмӕй мын, о Дунедарӕг Хуыцау, фӕдзӕхсыс, дӕхицӕн ӕвзистӕй зӕххы хай балхӕн ӕмӕ ӕвдисӕнтӕм фӕдзур, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ ацы сахар халдейӕгты къухтӕм бахаудзӕн».


Сымах афтӕ кӕмӕй дзурут, вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцыди, кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бауыдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы:


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынаты тыххӕй сымах дзурут: „Уый у ӕдзӕрӕг быдыр, нал дзы адӕймаг ис, налдӕр фосы мыггаг!“ Фӕлӕ Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг кӕм нал баззад, уым та ногӕй цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр хъуысдзӕн. Дунедарӕджы хӕдзармӕ арфӕйы нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыцы адӕм дзурдзысты: „Уӕларвӕфсады Бардарӕджы стаут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у Дунедарӕг, Йӕ хорзӕхтӕ нӕ фесӕфдзысты мыггамӕ!“ Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххӕн йӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынат сафтид ис, нал дзы адӕм ис, нал цӕрӕгойтӕ. Фӕлӕ ацы сахартӕй алкӕй раз дӕр ногӕй фӕзындзысты фосхизӕн сӕрвӕттӕ, ӕмӕ дзы фыййӕуттӕ сӕ фос хиздзысты.


Цӕрдзысты йыл ӕдасӕй. Сараздзысты хӕдзӕрттӕ, ныссадздзысты сӕндӕттӕ, ӕмӕ йыл ӕдасӕй цӕрдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз стӕрхон кӕндзынӕн, алырдыгӕй сӕм саузӕрдӕ чидӕриддӕр дардта, уыдонӕн. Ӕмӕ уӕд Израилы адӕм базондзысты, Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, кӕй дӕн, уый».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan