42 Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз ацы адӕмӕн стыр бӕллӕхтӕ бавзарын кодтон, фӕлӕ сын зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон дӕр иууылдӕр ратдзынӕн.
Раздӕр сӕ мӕ цӕст куыд нӕ истон, цӕмӕй сӕ ныццӕгъдон ӕмӕ ныддӕрӕн кӕнон, ныззыгуым сӕ кӕнон ӕмӕ сӕ фесафон, фыдбылызтӕ сын бавзарын кӕнон, афтӕ сӕ ныр дӕр, аразгӕйӕ ӕмӕ таугӕйӕ, Мӕ цӕст нӕ исдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон, уый.
Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.
Фарн дӕр ӕмӕ бӕллӕх дӕр Стыр Хуыцауы ныхасӕй не ’рцӕуынц?
Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.