Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 32:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Сымах афтӕ кӕмӕй дзурут, вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцыди, кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бауыдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 32:36
11 Iomraidhean Croise  

Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахар халдейӕгтӕ ӕмӕ вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ ратдзынӕн, паддзах ӕй бацахсдзӕн.


Иудейы паддзах Цедекиа Йеремиайы ахӕстоны сбадын кодта ӕмӕ йын загъта: «Ахӕм рагуацтӕ цӕмӕн хъусын кӕныс? Ды дзурыс: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ бацахсдзӕн.


«Ӕз сӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, кӕдӕм фӕсырдтон, уыцы бӕстӕтӕй ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ногӕй ацы бынатмӕ раздахдзынӕн, ӕнӕмаст цардӕй сӕ схайджын кӕндзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ йӕ Ӕз ныр Мӕхӕдӕг ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахондзынӕн, фӕлмӕн ныхас кӕндзынӕн йемӕ.


Ӕгъдау ӕрцыди тӕригъӕды бабирӕйӕн, фӕлӕ тӕригъӕд куы сбирӕ ис, уӕд Хуыцауы хорзӕх дӕр парахат сси,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan