Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 32:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Се ’ргомы бӕсты Мӕм раздӕхтой сӕ чъылдым. Ӕз сын ӕдзухдӕр зонд амыдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, зондамындтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 32:33
17 Iomraidhean Croise  

фосӕй уӕлдай нын зонд Чи радта, тӕхаг мӕргътӕй хъауджыдӕр нӕ ӕмбаргӕ Чи скодта?“


Ӕз сӕ се знӕгты раз скӕсӕйнаг дымгӕйау ныххӕлиу кӕндзынӕн, бӕллӕхы заман сӕм раздахдзынӕн Ме ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕ чъылдым».


«Мӕ фыд», зӕгъгӕ, бӕласмӕ дзурынц, «ныййарӕг мад» схонынц дур. Се ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕм сӕ чъылдым раздахынц! Бӕллӕхы заман та зӕгъдзысты: «Фӕзын-ма, фервӕзын нӕ кӕн!»


Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ныхӕстӕм куынӕ хъусат, — кӕд сӕм нӕ хъусут, уӕддӕр уӕм Ӕз ӕдзухдӕр кӕй ӕрвитын, уыдонмӕ, —


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цӕугӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъ: ау, ацы хъуыддагӕй уӕхицӕн ницы хатдзӕгтӕ скодтат ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ сахуыр уыдзыстут? — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.


Ӕз сӕм ӕрвылбон ӕрвыстон Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ: «Уе ’лгъаг митӕ ныууадзут, ӕнӕуынон Мын сты».


Ӕмӕ ныр, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кӕнут, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕд ӕмӕ уын Ӕз ӕдзухдӕр дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат, сидтӕн уӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат,


Фӕлӕ уыдон нӕ байхъуыстой, хивӕнд ӕмӕ нӕсӕттон уыдысты, се ’ргомы бӕсты Мӕм сӕ чъылдым раздӕхтой.


Уӕд-иу сын зӕгъ: „Мӕнӕ, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ зондамындмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕм! Фесӕфти рӕстдзинад, се ’взагӕй фӕцыдӕр!“


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Кӕй Мӕ ферох кодтай ӕмӕ Мӕ де ’ргом кӕй аздӕхтай, уый тыххӕй де ’нӕфсармдзинад ӕмӕ дӕ хъахбай миты амӕттаг фӕу».


Дунедарӕг мӕ бакодта Кувӕндоны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕрмӕ, тыргътӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн, фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы лӕууы. Сӕ чъылдымтӕ сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, се ’ргом та хурыскӕсӕнмӕ ӕмӕ хурыскӕсӕнӕрдӕм хурӕн куывтой.


Цас фылдӕр сидтӕн израилӕгтӕм, уыйас мӕ сӕхи дарддӕр ластой, нывӕндтӕ хастой Баалтӕн ӕмӕ буд сыгътой гуымирытӕн.


Фӕлӕ уыдоны хъусын нӕ фӕндыди, се ’ргом Мӕ аздӕхтой, сӕхгӕдтой сӕ хъустӕ.


Фӕлӕ райсомӕй раджы ногӕй Кувӕндонмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын амонын райдыдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan