Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 32:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31-32 Ацы сахар арӕзт куы ’рцыди, уӕдӕй абонмӕ йӕм мӕстӕй судзын, ӕмӕ дзы Ме ’ргом аздахдзынӕн, Иудей ӕмӕ Израилы фырттӕ, хуымӕтӕг адӕмӕй паддзӕхты онг, сӕ сауджынтӕ ӕмӕ сӕ пехуымпартӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ кӕй фӕкодтой ӕмӕ-иу сӕм Мӕ маст кӕй тыххӕй ссыгъд, уыцы фыдракӕндты тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 32:31
17 Iomraidhean Croise  

Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр.


Фехӕлдта Вефилы нывондхӕссӕн, стӕй, Израилы адӕмы тӕригъӕды амӕттаг чи бакодта, уыцы Йоровам, Наваты фырт, уым цы кувӕн къуыбыр скодта, уый. Арты йӕ басыгъта ӕмӕ йӕ бассадта. Басыгъта табуйаг цӕджындз.


Дунедарӕг загъта: «Израилы адӕмау Мӕхи атигъ кӕндзынӕн Иудейы адӕмыл дӕр, Ме ’ргом аздахдзынӕн Ме ’взӕрст сахар Йерусалимӕй ӕмӕ, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътон, уыцы Кувӕндонӕй».


уый тыххӕй уӕ Ӕз бынтондӕр ферох кӕндзынӕн, ныууадздзынӕн уын уӕхи дӕр ӕмӕ сымахӕн, стӕй уӕ фыдӕлтӕн цы сахар радтон, уый дӕр.


Рагуацты хуызы уын мӕнг ныхӕстӕ хъусын кӕнынц, цӕмӕй уӕ зӕххӕй хауӕццаг фӕуат, цӕмӕй уӕ Ӕз фӕсурон ӕмӕ бабын уат.


Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —


О Бардарӕг! Дӕ рӕстады сӕраппонд Дӕ маст аздах Дӕ сахар Йерусалимӕй, Дӕ уаз хохӕй! Нӕ тӕригъӕдты ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндты аххосӕй Йерусалим ӕмӕ Дӕ адӕм хынджылӕггаг систы сӕ алыварс цӕрджытӕн!


Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan