Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 32:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Иудейы паддзах Цедекиа Йеремиайы ахӕстоны сбадын кодта ӕмӕ йын загъта: «Ахӕм рагуацтӕ цӕмӕн хъусын кӕныс? Ды дзурыс: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ бацахсдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 32:3
23 Iomraidhean Croise  

Уыцы тыхст заманы паддзах Ахаз фылдӕрӕй-фылдӕр гадзрахатӕй цыди Дунедарӕгыл.


Фӕлӕ сын Мысыры паддзах загъта: «Уӕ Моисей ӕмӕ Аарон! Адӕмы кусын цӕуылнӕ уадзут? Цӕугӕут уӕхӕдӕг дӕр кусынмӕ!»


Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!


Йеремиа сын дзуапп радта: «Зӕгъут Цедекиайӕн: „Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: сымах Вавилоны паддзах ӕмӕ халдейӕгты ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕй хӕцут, уыдон уын Ӕз уӕхи ныхмӕ сараздзынӕн. Халдейӕгтӕ систы алыварс ӕрхъула кодтой, фӕлӕ сӕ Ӕз сахары астӕу ӕрӕмбырд кӕндзынӕн.


Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн ныр лӕггад чи нӕ кӕна ӕмӕ йын йе ’фсондз йӕ уӕлӕ чи не ’ркӕна, уыцы адӕмы кӕнӕ паддзахады Ӕз бафхӕрдзынӕн кард, стонг ӕмӕ рынӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уый къухӕй сӕ фесафдзынӕн бынтондӕр.


Ӕз иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕтты, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты амӕттаг бакӕндзынӕн, уӕ зӕххӕй чи аздӕхт, уыцы вавилойнаг ӕфсады къухмӕ сӕ ратдзынӕн.


Иудейы паддзах Иоакимӕн та зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды ацы чиныг басыгътай ӕмӕ загътай: ‚Дзӕгъӕлы ныффыстай, Вавилоны паддзах ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн, ацы зӕхх сафтид кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕй, цӕрӕгойӕ се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзӕн!‘


Уыцы заман Йеремиа сӕрибарӕй царди йӕ адӕмы ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ ахст нӕ уыди.


Фӕлӕ вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕн сӕ размӕ куынӕ рацӕуай, уӕд ацы сахар халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ басудздзысты, дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ“».


Дунедарӕг зӕгъы: ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, бацахсдзӕн ӕй“».


Уӕд уӕздӕттӕ паддзахӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы. Ахӕм ныхӕстӕй, сахары ма цы хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн сӕ хъару лӕмӕгъ кӕны. Йӕ зӕрдӕ адӕмӕн хорзӕй ницы зӕгъы, се сӕфтмӕ бӕллы».


Еведмелех галуанӕй рацыд ӕмӕ паддзахӕн загъта:


О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!


Мӕ тӕригъӕдтӕй сарӕзта ӕфсондз, — Йӕхи къухӕй йӕ сбыдта! Мӕ бӕрзӕйыл мын уӕз кӕны, ӕмӕ фӕкӕлын ӕз ӕдыхӕй. Кӕй къухтӕм радта Дунедарӕг мӕн, ӕз уыдонӕй куыд ратонон мӕхи?


Вефилы та мацыуал дзур, уымӕн ӕмӕ уый паддзахӕн йӕ кувӕндон ӕмӕ йӕ хӕдзар у».


ӕмӕ Йӕ фарстой: «Зӕгъ-ма нын, ӕппӕт адӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Дӕуӕн уыцы бар чи радта, уый чи у?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan