27 «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт цӕрӕг удты Хуыцау. Мӕ бон саразын цы нӕу, ахӕмӕй исты ис?
Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».
Дунедарӕг уын канд уыцы хорз нӕ ракӕндзӕни, фӕлӕ ма уын уӕ къухтӕм ратдзӕни моавӕгты дӕр.
Сыстаут Ын Йӕ ном, скад Ын кӕнут!
О, фӕлӕ, Дунедарӕг, Ды нӕ Фыд дӕ! Мах ӕлыг стӕм, Ды та — не Скӕнӕг. Скодтай нӕ Дӕхи къухтӕй.
«О Дунедарӕг Хуыцау! Де ’гӕрон хъомысӕй, Дӕ къухӕй Ды сфӕлдыстай уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх! Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у дӕ бон!
Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:
балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдон абон ацы ныхӕстӕ, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддагыл нымайынц, фӕлӕ Мӕнӕн Мӕ бон саразын цы нӕу? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Исты Дунедарӕджы къух цыбыр у? Мӕ ныхас куыд ӕрцӕудзӕн, уымӕ-иу уӕдӕ дӕхӕдӕг кӕс!»
Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?»
«Дунедарӕг, ӕппӕт цӕрӕг удтӕн царды комулӕфт дӕттӕг Хуыцау, ацы дзыллӕйӕн сӕ сӕргъы ахӕм адӕймаджы сӕвӕрӕд,
Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр у Йӕ бон».
Уӕд алы адӕймаг дӕр фендзӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад“».
Уымӕн ӕмӕ Йын Ды алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, цӕмӕй дзы алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард ратта.