Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 32:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Афтӕмӕй мын, о Дунедарӕг Хуыцау, фӕдзӕхсыс, дӕхицӕн ӕвзистӕй зӕххы хай балхӕн ӕмӕ ӕвдисӕнтӕм фӕдзур, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ ацы сахар халдейӕгты къухтӕм бахаудзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 32:25
11 Iomraidhean Croise  

Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой: «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?


Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.


Кардӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн, стонг ӕмӕ сын рын бавзарын кӕндзынӕн, цалынмӕ, сӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй бынтондӕр фесӕфой, уӕдмӕ».


Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы зӕххыл ногӕй ӕлхӕндзысты хӕдзӕрттӕ, зӕххы хӕйттӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ».


Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс.


Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Ӕмӕ сымах афтӕ цы зӕххӕй дзурут, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг дзы нал баззад, халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцыд, зӕгъгӕ, уым та ногӕй зӕххы хӕйттӕ ӕлхӕндзысты. Фиддзысты сын ӕвзист, ӕлхӕды ӕвдисӕндартыл ӕвӕрдзысты мыхуыртӕ ӕмӕ ’вдисӕнтӕм дзурдзысты. Афтӕ уыдзӕни Бениамины зӕххыл, Йерусалимы алфамбылай ӕмӕ Иудейы ӕппӕт сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕмӕ мӕнӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ мӕм мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамел хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Бениамины зӕххыл мын, Анатоты сахары цур, зӕххы хай ис, ӕмӕ йӕ балхӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх дӕу хъуамӕ уа, йӕ цъындыаргъ дӕуӕн фидгӕ у, балхӕн ӕй». Уӕд ӕз бамбӕрстон, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ ныхасмӕ Мын кӕй нӕ байхъуыстат ӕмӕ уе ’фсымӕрты, уӕ хиуӕтты кӕй не ссӕрибар кодтат, уый тыххӕй уын Ӕз ныр лӕвар кӕнын сӕрибар, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕрибарӕй кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлыны фадат. Ӕз сымахӕй ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн!


Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз цы кӕнын, уый ды ныртӕккӕ нӕма ӕмбарыс, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбардзынӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan