Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 32:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уыдон ӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой, фӕлӕ Дын Дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстой, Де ’Гъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой, ӕмӕ сыл Ды ацы фыдбылызтӕ уымӕн ӕруагътай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 32:23
32 Iomraidhean Croise  

Фыдӕлтӕй нырмӕ нӕ азым стыр у; не ’нӕгъдау миты тыххӕй баистӕм мӕнӕ абон нӕхӕдӕг дӕр, нӕ паддзӕхтӕ дӕр, нӕ сауджынтӕ дӕр ӕндӕрбӕстаг паддзӕхты амӕттаг, сӕ кардылӕфтыдӕй ныл сыгъд ӕмӕ уырыд уацайраджы аллайаг бон уый тыххӕй акодта.


Стонг заман сын Ды уӕларвӕй лӕвӕрдтай хойраг, дойныйӕ куы мардысты, уӕд сын къӕдзӕхӕй рауагътай дон. Ды сын загътай, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ сӕхи бакӕной, Дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, йӕ раттыныл ард кӕй тыххӕй бахордтай, уыцы зӕхх.


Иннӕ адӕмтӕ цӕмӕн хъуамӕ дзурой, уӕдӕ кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ? Дӕ цагъарты туг кӕй райстай, уый, уадз, адӕмтыл айхъуыса ӕмӕ мах уый нӕхи цӕстӕй фенӕм!


Ӕз уӕ бакодтон сойджын зӕхмӕ, цӕмӕй йын бафсӕдат йӕ хор ӕмӕ йӕ фарнӕй, сымах та Мын Мӕ зӕхмӕ бацыдыстут ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтат, сӕлгъаг Мын кодтат Мӕ исбон!


Зӕгъ сын: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: куынӕ Мӕм байхъусат ӕмӕ, кӕй уын радтон, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куынӕ цӕрат,


Абоны онг не ’рсабыр стут ӕмӕ тӕрсгӕ нӕ кӕнут. Ме ’Гъдау, Мӕ уагӕвӕрдтӕ, сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыдон не ’ххӕст кӕнут».


Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, хивӕнд уыдыстут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут.


О, Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхон раст у, — нӕ Йӕм хъуыстон! О, байхъусут-ма, адӕмтӕ! Мӕ хъизӕмармӕ мын ӕрбакӕсут: мӕ чызджытӕ, мӕ лӕппутӕ, уӕ, уацары куы фӕцӕуынц!


Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —


Сӕ фырттӕн сын ӕдзӕрӕг быдыры дзырдтон: уӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ ма цӕрут, сӕ уагӕвӕрдтӕ сын ма ӕххӕст кӕнут, уӕхи ма фӕчъизи кӕнут уыдоны хуыцаугӕндтӕй.


Фӕлӕ сӕ фырттӕ дӕр Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ загътон, Мӕ азар сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сыл ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ маст ныккалдзынӕн, зӕгъгӕ.


Фӕлӕ уыдон Мӕ ныхмӕ фесты ӕмӕ Мӕм нӕ байхъуыстой. Ничи сӕ аппӕрста, сӕ мондӕгтӕ кӕмӕй истой, уыцы гуымирытӕ, ӕмӕ сӕ Мысыры хуыцаугӕндтыл ничи атигъ кодта йӕхи. Ӕмӕ уӕд загътон, Мӕ маст сыл ныккалдзынӕн ӕмӕ сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн Мысыры зӕххыл, зӕгъгӕ.


Афтӕ сымах дӕр — цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстӕуыд, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: „Мах ницӕйаг цагъартӕ стӕм — цы нын ӕмбӕлдис, уымӕй дарддӕр ницы сарӕзтам“».


Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.


Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдонмӕ та се ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕлгъыст. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: «Ӕгъдауы чиныджы цы фыст ис, ӕппӕт уыдон иудадзыг чи не ’ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у».


Уымӕн ӕмӕ, ӕппӕт ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уый йын йӕ домӕнтӕй искӕцыйы куы фӕкъуыхцы уа, уӕд ӕнӕхъӕн ӕгъдау фехалӕгау азымджын у.


Ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕг Израилы адӕмӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын ард кӕмӕй бахордта, уыцы зӕххытӕ иууылдӕр, ӕмӕ сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райстой ӕмӕ дзы ӕрцардысты.


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхст куы ницӕмӕ ӕрдарат, уемӕ цӕуыл бафидыдта, уый сӕрты куы ахизат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын куы райдайат, уӕд уӕ Дунедарӕджы азар басудздзӕн, ӕмӕ рӕхджы бон уӕ кой, уӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни, цы алӕмӕты зӕхх уын балӕвар кодта, ууыл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan