Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 32:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Вавилойнаг паддзахы ’фсад ӕрхъула кодта Йерусалимыл, пехуымпар Йеремиа та иудейаг паддзахы галуаны, хъахъхъӕнджыты кӕрты, ахӕстоны бадти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 32:2
15 Iomraidhean Croise  

Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн йӕ паддзахиуӕгыл фарӕстӕм аз куы цыд, уӕд, дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон, ӕд ӕфсад ӕрбабырста Йерусалиммӕ, ӕрхъула йыл кодта ӕмӕ йын йӕ алыварс самадта сыджытбыру.


Йӕ фарсмӕ, ахӕстоны кӕрты цур, тигъы ӕмӕ паддзахы уӕллаг хӕдзары мӕсыджы акомкоммӕ — Узайы фырт Палал. Йӕ фарсмӕ — Парошы фырт Педаиа.


Тасӕфтауӕг у Хуыцау Йӕ сыгъдӕджыты астӕу, Йӕ алыварс чи ис, ӕппӕт уыдонӕй тӕссагдӕр.


Иудейы паддзах Цедекиа Йеремиайы ахӕстоны сбадын кодта ӕмӕ йын загъта: «Ахӕм рагуацтӕ цӕмӕн хъусын кӕныс? Ды дзурыс: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ бацахсдзӕн.


Ӕмӕ мӕнӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ мӕм мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамел хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Бениамины зӕххыл мын, Анатоты сахары цур, зӕххы хай ис, ӕмӕ йӕ балхӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх дӕу хъуамӕ уа, йӕ цъындыаргъ дӕуӕн фидгӕ у, балхӕн ӕй». Уӕд ӕз бамбӕрстон, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый.


Йеремиа ма хъахъхъӕнджыты кӕрты ахӕстоны куы бадти, уӕд ын Дунедарӕг дыккаг хатт загъта:


Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’фсадимӕ ӕмӕ, кӕй басаста, уыцы паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмтимӕ Йерусалим ӕмӕ йӕ алыварс сахартыл куы ’рхъула кодта, уыцы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Йеремиа Барухӕн загъта: «Ӕз ахст дӕн, ӕмӕ мӕ бон Дунедарӕджы хӕдзармӕ ацӕуын нӕу.


Уӕздӕттӕ Йеремиамӕ смӕсты сты, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ нымӕрдар Йонатаны хӕдзары бамидӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй ахӕстон скодтой.


Паддзах Цедекиайы бардзырдмӕ гӕсгӕ Йеремиайы хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ акодтой ӕмӕ йын алы бон дӕр кӕрдзынгӕнджыты сыхӕй иу кӕрдзын хастой, цалынмӕ сахары дзул нӕ фӕци, уӕдмӕ. Афтӕмӕй Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззади.


Уыцы заман Йеремиа сӕрибарӕй царди йӕ адӕмы ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ ахст нӕ уыди.


Бӕндӕнтыл уӕлӕмӕ схӕцыдысты, ӕмӕ Йеремиайы цъайӕ систой. Уый фӕстӕ Йеремиа хъахъхъӕнджыты кӕрты баззад.


Йеремиайы ӕрцахстой. Паддзахы фырт Малкиайӕн хъахъхъӕнджыты кӕрты цы цъай уыди, уым ӕй ныппӕрстой. Йеремиайы цъайы ауагътой бӕндӕнтыл. Уыцы рӕстӕг цъайы дон нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр цъыф, ӕмӕ Йеремиа цъыфы аныгъуылди.


Цин кӕнут ӕмӕ райут — уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх: афтӕ уӕ размӕ пехуымпарты дӕр ӕфхӕрдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan