Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 32:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Дӕ хорзӕхтӕ мингай адӕмӕн раттыс, ныййарджыты тӕригъӕдтӕ бафидын кӕныс сӕ цотӕн. О хъомысджын стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 32:18
33 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ йӕ фат ӕмӕ йе ’рдын ӕндӕрхуызон дӕр нӕ фесты, йӕ цонджы хъаруйыл ын бафтыдта Йаковы Хъомысджын Хуыцау. Уый фӕрцы сдӕ Израилӕн йӕ фыййау, йӕ ныфсы мӕсыг ды.


„Ӕз федтон, знон Навоты ӕмӕ йӕ фыртты куыд амардтой, уый ӕмӕ сын сӕ туг райсдзынӕн ацы зӕххы хайыл“. Гъемӕ йӕ рахӕсс ӕмӕ йӕ баппар уыцы зӕххы хайыл, ӕмӕ Дунедарӕджы дзырд сӕххӕст уыдзӕн».


Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, фидыд зӕрдыл дарӕг, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн фарн дӕттӕг Хуыцау!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Цӕргӕбонты нӕм Дӕ маст нӕ сысы, ӕмӕ нӕ азтӕ иунӕг уысмау атӕхынц.


Моисейы рӕзты ацыди ӕмӕ расидти: «О Дунедарӕг, Дунедарӕг, тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бараг ӕмӕ иузӕрдион Хуыцау.


Йӕ зӕрдӕ нӕ ивы мин фӕлтӕры онг, быхсы азым, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕдӕн, фӕлӕ фыдӕлты азымы тыххӕй ӕнӕ бафхӕргӕ нӕ ныууадзы цоты ӕмӕ цоты цоты — ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг».


Чи ма дзы фервӕза, уыдон раздӕхдзысты, Йаковы байзӕддӕгтӕ раздӕхдзысты хъомысджын Хуыцаумӕ.


Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.


Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.


Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


О Дунедарӕг, никуы ис Дӕу хуызӕн! О, стыр дӕ Ды, хъомысджын у Дӕ ном!


Фӕлӕ Дунедарӕг тыхджын ӕфсӕддонау мемӕ ис ӕдзухдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты, нӕ мыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Худинаджы бын фӕуыдзысты, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн, сӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, боныгон рухс кӕнынӕн хур Чи радта, мӕй ӕмӕ стъалытӕн, цӕмӕй ӕхсӕвыгон рухс кӕной, уый тыххӕй уагӕвӕрдтӕ Чи скодта, денджызы уылӕнтӕ гуыр-гуыр куыд кӕной, афтӕ Чи сызмӕнты, Йӕ ном Уӕларвӕфсады Бардарӕг Кӕмӕн у:


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, зӕхх Чи сфӕлдыста, Чи йӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ Чи сфидар кодта, Уый:


Фӕлӕ хъомысджын у сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Уый рахӕцдзӕни сӕ сӕрыл, сӕ зӕхх сын басабыр кӕндзӕн, Вавилоны цӕрджытыл та катай бахӕцын кӕндзӕн.


Ды уый тыххӕй федтай, хохӕй йӕхи ӕгъдауӕй дур куыд фӕхицӕн ис ӕмӕ ӕфсӕйнаг, ӕрхуы, ӕлыг, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин куыд базгъӕлӕнтӕ сты, уый. Гъе, афтӕ стыр Хуыцау паддзахӕн базонын кодта фидӕны цаутӕ. Фыны цыдӕриддӕр федтай, уыдон ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты, ӕмӕ дын дӕ фын раст кӕй райхӕлдтон, ууыл гуырысхо ма кӕн».


О Дунедарӕг, ау, Ды ӕнусон нӕ дӕ? Мӕ Уаз Хуыцау, Ды ӕнӕмӕлӕт дӕ! О Дунедарӕг! Ды уыдоны Дӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ рарвыстай! Мӕ Фидар Къӕдзӕх! Хъару сын радтай, цӕмӕй нӕ бафхӕрай!


„Дунедарӕг бирӕбыхсаг ӕмӕ бирӕбараг у! Уый ныххатыр кӕны рӕдыдтытӕ ӕмӕ тӕригъӕдтӕ, фӕлӕ аххосджыны ӕназымыл нӕ банымайы. Уый ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг тӕригъӕд бафидын кӕны“.


Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»


Дӕттут ӕмӕ райсдзыстут — уӕ фӕччийы уын ӕркалдӕуыдзӕн раст, хӕрзнад ӕмӕ йедзаг барӕнӕй — цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр».


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хуыцӕутты Хуыцау у, хицӕутты Хицау; хъулон ми Чи нӕ зоны ӕмӕ гӕртам Чи нӕ исы, уыцы хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг стыр Хуыцау.


Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, стыр ӕмӕ карз Хуыцау, уемӕ ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan